Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр фембæлд Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Официалон минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Коцты Е.Э.

Æууæнкджын, хъарм æмæ конструктивон атмосферæйы уагъд ныхасы рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт уыд хуссарирыстойнаг-днестргæройнаг хæларадон ахастыты дарддæры райрæзты актуалон фарстатæм.
Официалон минæварады сæргълæууæг ДМР ФХМ къухдариуæгады номæй æмæ йæхи номæй раарфæ кодта Медойты Димитрæн бæрзонд бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый фæдыл.

Медойты Д.Н. бузныджы ныхæстæ загъта Коцты Е.Э. йæ æрбацыд æмæ йæ арфæты тыххæй.

Цхинвал, 2017 азы 2 июнь

02.06.2017