Сообщения МИД РЮО

Archive
МИД Южной Осетии

2024 азы хуымгæнæны мæйы 16-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Барамындмæ гæсгæ Бигъуылаты Инна Зауырбеджы чызг нысан æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæгæй. 

Биографион æрмæг:

Бигъуылаты Инна Зауырбеджы чызг райгуырд 1991 азы хуымгæнæны мæйы 8-æм бон Цхинвалы. 

Каст фæцис Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты экономикон факультет. 

XХV Всероссийская школа молодых ученых-юристов

Хуымгæнæны мæйы 15-æм бон Цхинвалы Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады æххуысæй йæ куыст райдыдта æвзонг ахуыргæндтæ-юристты XХVæппæтуæрæсейон скъола «Территорийы фидар райрæзт: экологи, политикæ, барад», кæцы здæхт у æрдз бахъахъхъæныны барадон проблемæтæм æмæ экологион æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ. 

Церемонийы фæлгæтты хайадисджытæн раарфæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты Ректор Тедеты Вадим. 

Курсы повышения квалификации в Дипломатической академии МИД России

Хуымгæнæны мæйы 1-12 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады кусджытæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Мæскуыйы ацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ «Æхсæнадæмон ахастытæ. Уæрæсейы æддагон политикæ». 

Лекцитæ кастысты Академийы профессортæ æмæ æрхонгæ эксперттæ. Ахуыры фæлгæтты ацыд СНГ-йы бæстæты цыппæрæм департаменты къухдариуæгадимæ фембæлд. 

Курсыты фæуды Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн лæвæрд æрцыдысты Сертификаттæ. 

Цхинвал, 2024 азы хуымгæнæны мæйы 12-æм бон

МИД Южной Осетии

Хуымгæнæны мæйы 8-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Конституцийы бон. 2001 азы хуымгæнæны мæйы 8-æм боны референдумы ист æрцыд бæстæйы сæйраг документ. 

Сæйраг закъон сфидар гæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ равзæрстой суверенон паддзахад аразыны, паддзахаддзинад размæдзыды æмæ райрæзты фæндаг. 

Паддзахаддзинады ахсджиаг иуæг æмæ Республикæйы барадон æмæ политикон системæйы бындур уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны Конституцийы сæмбырд сты æппæтнацион хæзнатæ, уымæй дарддæр ма у бæстæйы размæдзыдæн раст фæндаг æвдисæг. 

Встреча А.М. Джиоева и Р.В. Мирошника

Хуымгæнæны мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хицæн хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Мирошник Родионы фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Украинæйы цаутыл – Евромайдан æмæ йæ геополитикон фæстиуджытыл. Нысангонд æрцыд Киевы режимы фыдракæндтæ рæгъмæ хæссыны фæдыл куысты, афтæмæй ма дывæрсон фæткы актуалон фарстыты фæдыл æмархайд фидар кæныны ахсджиагдзинад.

МИД Южной Осетии

2024 азы хуымгæнæны мæйы 4-5 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 60-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ.

Научно-практическая конференция «Тибиловские чтения»

Тæргæйтты мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста I Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Тибиловские чтения»-йы, кæцы ацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты. 

Мадзал ацыд Университеты бындурæвæрджытæй иу, рухстауæг, ахуыргонд, зынгæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандыры Райгуырæн боны цытæн. 

Джиоты Æхсар бакаст Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ конференцийы хайадисджытæн, кæцыйы, сæрмагондæй, дзырд цæуы Тыбылты Алыксандыры хайбавæрдыл Хуссар Ирыстоны ахуырады райрæзты хъуыддагмæ. 

А.М. Джиоев и З.Н. Гассиев оставили запись в книге соболезнований

Тæргæйтты мæйы 26-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр бабæрæг кодтой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ тæргæйтты мæйы 22-æм боны комплекс «Крокус Сити Холл»-ы æрцæугæ трагикон цауты охыл баконд тæфæрфæсты чиныджы ныууагътой фыст.

Сотрудники МИД РЮО возложили цветы к зданию Посольства РФ

Тæргæйтты мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ «Крокус Сити Холл»-ы теракты фæмардуæвджыты ном ссарынæн сæвæрдтой дидинтæ Уæрæсейы Федерацийы Минæварады бæстыхаймæ. 

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 23-æм бон

 

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Тæргæйтты мæйы 21-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузины фембæлд. 

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон фарстатыл, се ‘хсæн æддагполитикон координаци æмæ Республикæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фарстатæ. 

Ныхас цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы фæлгæтты иумæйаг куыстыл, кæцыты радон раунд нысангонд æрцыд хуымгæнæны мæйы райдианмæ. 

Пресс-конференция Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева

Тæргæйтты мæйы 18-æм бон РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры пресс-конференци. 

Пресс-конференцийы сæйраг темæ уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырд бафыссыны бонæй 9 азы рацыд. 

33-я годовщина Ередской трагедии

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Ереды æгъатыр трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ ссарыны охыл мадзæлттæ.  

1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал», кæцыйы уыдысты ирон цæрджытæ. Æбуалгъдæр фыдмиты фæстæ 12 адæймаджы удæгасæй ныгæд æрцыдысты хъæу Ереды иу ингæны. Ацы тугæйдзаг æмæ æгъатыр цауæй абоны бон дæр зæрдæ ныккæрзы. Ингæн ссарын бантыст æрмæстдæр дыууæ афæдзы фæстæ, 1993 азы. Гуырдзиаг националистты тугæйдзаг æмæ æбуалгъ фыдракæнд æфхæрд нæ баййæфта, аххосджынтыл тæрхон не ‘рцыд.