Archive

Сотрудники МИД РЮО возложили цветы к зданию Посольства РФ

Тæргæйтты мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ «Крокус Сити Холл»-ы теракты фæмардуæвджыты ном ссарынæн сæвæрдтой дидинтæ Уæрæсейы Федерацийы Минæварады бæстыхаймæ. 

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 23-æм бон

 

МИД Южной Осетии

Концертон зал «Крокус Сити Холл»-ы террористон атакæйы трагикон фæстиуджыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. 

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзæрдæимæ райстой лæгмарты къухтæй бирæнымæц адæмы мæлæты фæдыл æвирхъау цау. 

Терроризмæн нæй срастгæнæн ницы хуызы. Ныфс нæ ис, æмæ ацы æгъатыр фыдракæнды аххосджынтæ иууылдæр баййафдзысты æмбæлон тæрхон. 

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Тæргæйтты мæйы 21-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузины фембæлд. 

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон фарстатыл, се ‘хсæн æддагполитикон координаци æмæ Республикæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фарстатæ. 

Ныхас цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы фæлгæтты иумæйаг куыстыл, кæцыты радон раунд нысангонд æрцыд хуымгæнæны мæйы райдианмæ. 

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Райгуырæн боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Де ‘нæфæцудгæ профессионалон фæндаг у куырыхондзинад, бæстæйыл æмæ йæ адæмыл æнувыддзинад, дипломатон дæсныдзинад, æцæг патриотизмы ирд дæнцæг. Æгæрон у дæ хайбавæрд Уæрæсейы æддаг политикæ хъахъхъæныны, дунеон аренæйы йæ ном фидар кæныны хъуыддагмæ.

Пресс-конференция Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева

Тæргæйтты мæйы 18-æм бон РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры пресс-конференци. 

Пресс-конференцийы сæйраг темæ уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырд бафыссыны бонæй 9 азы рацыд. 

33-я годовщина Ередской трагедии

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Ереды æгъатыр трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ ссарыны охыл мадзæлттæ.  

1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал», кæцыйы уыдысты ирон цæрджытæ. Æбуалгъдæр фыдмиты фæстæ 12 адæймаджы удæгасæй ныгæд æрцыдысты хъæу Ереды иу ингæны. Ацы тугæйдзаг æмæ æгъатыр цауæй абоны бон дæр зæрдæ ныккæрзы. Ингæн ссарын бантыст æрмæстдæр дыууæ афæдзы фæстæ, 1993 азы. Гуырдзиаг националистты тугæйдзаг æмæ æбуалгъ фыдракæнд æфхæрд нæ баййæфта, аххосджынтыл тæрхон не ‘рцыд.

МИД Южной Осетии

Тæргæйтты мæйы 15-17 бонты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад райстой Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, науæд хъæлæс кæныны бон йæ территорийыл чи уыд, уыдон дæр.

Хуссар Ирыстоны баконд ис дыууадæс æвзарæн фадыджы, сæ иу – уæрæсейаг æфсæддонтæн. Хъæлæс кæныны процесс сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны. Республикæйы хицауад æппæт уавæртæ дæр сарæзта, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.

МИД Южной Осетии

2014 азы «Хъырымы уалдзæг»-ы цаутæ æмæ 2014 азы тæргæйтты мæйы 16-æм боны Хъырымы Автономон Республикæ æмæ сахар Севастополы ацæугæ æппæтхъырымон референдумы хатдзæгтæ, æнæдызæрдыгæй, систы историон рæстдзинад сног кæнынæн ахсджиаг акт. Референдумы æхсæнадæмон барад æмæ ИНО-йы Уставы нормæтæм гæсгæ, Хъырымы цæрджытæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы субъекты хуызы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны ‘вварс. 

Церемония возложения цветов в Парке Славы в Сухуме

Тæргæйтты мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Республикæйы Боциты Олег хайад райста Сухумы Кады Парчы дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы уагъд æрцыд 1993 азы Марты æрбабырсты операцийы рæстæджы фæмард хæстонты рухс ном ссарынæн.

Уыцы æрбабырст у 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйы хæсты æппæты тугкалддæр цаутæй иу, кæцы ахаста 222 адæймаджы цард, се ‘хсæн Хуссар Ирыстонæй бархионтæ дæр.

Встреча участников югоосетинской делегации на Женевских международных дискуссиях с Сопредседателями Женевских дискуссий от ЕС, ОБСЕ и ООН

Тæргæйтты мæйы 15-æм бон ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ. 

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хуымгæнæны мæйы 4-5 бонтæм снысангонд Женевæйы дискусситы 60-æм раунды фæтк æмæ куыстыл. 

Нысангонд æрцыд, уæвæг регионалон æдасдзинады уавæры Женевæйы дискусситæ кæй сты регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны ахсджиаг иуæг.

Презентация книги «Философия. Культура. Религия»

Тæргæйтты мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты философийы кафедрæйы доцент Хуыбиаты Соняйы чиныг «Философи. Культурæ. Религи»-йы презентаци.

Уацты æмбырдгонды æркастæуыд философийы æмбарынады классикон фарстатæм æмæ рагон философты цæстæнгасмæ, афтæмæй ма Ирыстоны æмæ Уæрæсейы религийы проблематикæмæ.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 13-æм бон

Круглый стол, посвященный выборам Президента России

Тæргæйтты мæйы 11-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты фæдыл тымбыл фынджы куысты, кæцы сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитет.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны политиктæ, политикон партиты раздзогтæ, æхсæнадон архайджытæ, политологтæ æмæ эксперттæ.