Archive

12 февралы Бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл Гуырдзыстоны министр Паата Закареишвили вашингтойнаг Карнегийы Центры йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бастдзинад у «хæдаразгæ æмæ историон чи нæу, ахæм» æмæ «Уæрæсейæн ныртæккæ регионы чи ис, уыцы иунæг-иу ресурс та у сындзджын тел».

Ацы бонты æгас дунейы хъусдард здæхт у XXII зымæгон Олимпиадæйы райдианмæ. Уый байгом уыдзæнис 2014 азы 7 февралы Уæрæсейы Федерацийы горæт Сочийы. Уæрæсейы Федераци, куыд Олимпиадæ организацигæнæг æмæ уадзæг, афтæ æрсидтис хотыхджын конфликты æппæт хайадисджытæм, цы бæстæты æмæ континенты сты, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй расидой «олимпион бафидыды» рæстæгæй.

Елбачиты Аланы Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

Республикæ Абхазы президент Александр Анквабы 30 январы Указæй Елбачиты Алан Мухарбеджы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион зонæнтæ:

Елбачиты Алан Мухарбеджы фырт райгуырдис 1959 азы Сазалеты хъæуы Хуссар Ирыстоны Автономон областы.

1974 азы каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола.

- Дæ хорзæхæй, радзур ма нын ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухты цахæм бындурондæр æнтыстытæ бафтыдысты, уыдон тыххæй?

- Вильнюсы саммит «Восточное партнерство»-йы цыдирæстæджы Гуырдзыстон рагацау йæ къух æрфыста дунеон бадзырдыл ЕЦ ассоциацийы тыххæй æмæ йыл кæройнаг фыст æркæнын та плангонд цæуы фидæнмæ азы, фæлæ ныридæгæн хъусын кæнынц экономикон æгъдауæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны иумиаг проектмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы баласыны тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæ дипломаттæн зын уавæртæ цы бæстæты ис, уыдон нымæцæй Хуссар Ирыстоны сисыны тыххæй ноджыдæр иу хатт бæлвырд кæны уый æмæ ситуаци Хуссар Ирыстоны стабилон æмæ æдас кæй у, куыд Республикæйы æмбæстæгтæн, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн дæр.

2013 азы 31 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт цы Указ рауагъта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘мбæстæг Джерапты Таймураз Савелийы фыртæн хатыргонд æрцыдис йæ фыдракæнд, кæй тыххæй йын 2010 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон УФ УК 278 статьямæ гæсгæ тæрхон рахаста 13 азы ‘мгъуыдмæ йæ сæрибардзинад байсын.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы 26-æм раунды тыххæй

2013 азы 17-18 декабры Женевæйы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ-ы минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис Фæсконфликтон æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.

2013 азы 1 декабры 5 азы сæххæст Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад саразыны æмæ йæ куыст райдайыны тыххæй Указыл къух фыст куы ‘рцыдис, уæдæй.

Дипломатон службæ равзарын, хуымæтæг хъуыддаг, мыййаг, нæу. Уый кæддæриддæр нысан кодта хи бæстæйы хæрзиуæгæн æндыгъд куыст кæнын, æдзух æй хуыздæр кæнынмæ тырнындзинад. Хъæуы дзы аналитикон зонд æмæ алыварсон æгъдауæй фенæг адæймаг, цахæмфæнды вазыгджын ситуациты дæр йæ бон раст уынаффæ райсын кæмæн у, ахæм.

2013 азы 26 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис 2013 азы 17-18 декабры уагъд чи хъуамæ ‘рцæуа, Женевæйы дискусситы уыцы радон раунд ауадзынмæ бацæттæ кæныны фарстатыл.

15 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Валентина Кимы.

Фембæлды уынаффæ кодтой РХИ-йы территорийыл фæстаг мæйты Сырх Дзуары архайдмæ хауæг фарстатыл. Дзырдтой, уымæй размæ цы фембæлд уыдис æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны сæраппонд, уый фæдыл. Кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой цымыдисаг къорд фарстаты тыххæй.