Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Абон Мæскуыйы къухтæ фыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Республикæ Хъырым æмæ горæт Севастополь райсыны æмæ Уæрæсейы Федерацийы сконды ног субъекттæ сырæзыны фæдыл Бадзырд.

Хуссар Ирыстоны хорзыл нымайынц Уæрæсейы Федерациимæ Республикæ Хъырымы æмæ горæт Севастополь баиу кæныны уынаффæ. Ацы цау, кæцы Хъырымы бирæнацион адæмы фæндондзинады сæххæстæн æмæ æвдисæн у историонрæстдзинад æмæ дунеон барады фæуæлахизæн.

Ныфс нæ ис, ацы нысаниуæгджын цау кæй суыдзæнис дунеон барады æмæ бындурон хæзнаты хæрзæгъдаудзинады райдиан сфидар кæнынæн ахъазгæнæг, кæцытæ цалдæр дæс азы дæргъы æххæст цыдысты дывæр стандарттæм гæсгæ иу кæнæ иннæ бæстæтæм ахасты.

Уырны нæ, Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы Федерацийы скондмæ кæй бацыдысты, уый кæй ахъаз кæндзæнис уавæр стабилизаци кæнынæн æмæ Сау денджызы регионы æдасдзинад фидар кæнынæн, афтæ ма кæй ахъаз кæндзæнис Уæрæсейы Федерацийы ног субъекты рæзтæн æмæ сæ цæрджыты фæныгады рæзтæн дæр.

Цхинвал, 2014 азы 18 март

 

01.04.2014