Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, йæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыцы адæймæгты æфхæрд ахицæн кæнынмæ адæттыны фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, - дарддæр Дыууæ Фарсы,

сæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæуыл уыд, уыцы адæймæгты социалон реабилитацийы процесс фæрогдæр кæнынмæ тырнгæйæ, ахæм реабилитацийæн хорз уавæртæ цы паддзахады ис, уым сын æфхæрд ахицæн кæныны бар ратгæйæ,

бадзырдтой дæлдæруæвæгыл:

Уац 1
Бадзырдæй пайда кæныны сферæ

1. Дыууæ Фарсы ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнынц гæнæнуæвгæйæ уæрæхдæр æмархайды, сæ сæрибардзинад æрисыны тæрхоны уынаффæ кæмæн рахастой, уыцы адæймæгты радтынæн.

2. Дыууæ Фарсæй иуы территорийыл йæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæуыл уыд, уыцы адæймаг ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ гæнæн ис æрвыст цæуа иннæ Фарсы территоримæ æфхæрд ахицæн кæныны тыххæй. Ацы нысæнттæн тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыцы адæймаг кæнæ йæ закъонон минæварæн ацы Бадзырдмæ гæсгæ йæ бон у куырдиат бадæттын, куыд тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахад, афтæ тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахадмæ.

3. Радтыны фæдыл домæн, гæнæн ис арвита, куыд тæрхоны уынаффæ рахæссæг паддзахад, афтæ тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад дæр.

Уац 2
Нысæнттæ

Ацы Бадзырды нысæнттæн дæлдæр ранымад терминтæн ис ахæм нысаниуæг:

«тæрхондоны уынаффæ» - уголовон бархалынад саразыны фæдыл æфхæрд снысан кæныны тыххæй йæ закъонон тыхы бацæуæг тæрхондонон уынаффæ. Ацы Бадзырды нысæнттæн термин «тæрхон»-мæ хауы йæ закъонон тыхы бацæуæг тæрхон, мæлæты тæрхоны хуызы æфхæрд, кæцы фæстæдæр тæрхон рахæссæг паддзахады амнистийы акт кæнæ ныххатыр кæныны актмæ гæсгæ баивдæуыд сарибардзинад бæлвырд рæстæгмæ æрисын, кæнæ цæрæнбонтæм сæрибардзинад æрисынæй;

«æфхæрд» - цахæмфæнды æфхæрд, кæцымæ гæсгæ сæрибардзинад ист цæуы тæрхоны скъуыддзаджы банысангонд бæлвырд æмгъуыдмæ, кæнæ сæрибардзинад цæрæнбонтæм æрисын;

«зылынгонд» - тæрхоны уынаффæ рахæссæг паддзахады æфхæрд хицæнгæнæг адæймаг;

«тæрхоны уынаффæ рахæссæг паддзахад» - паддзахад, кæцыйы тæрхондон тæрхон кодта адæймагыл, кæцыйæн ис радтæн кæнæ лæвæрд æрцыд;

«тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад» - паддзахад, кæцымæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа, тæрхон кæуыл уыд, уыцы адæймаг, кæнæ та лæвæрд æрцыд æфхæрд ахицæн кæныны нысанæн.

«закъонон минæвар» - цæсгом кæнæ уагдон, кæцы дыууæ Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ бæрнджын у, тæрхон кæмæн счындæуыд, уый интерестæн, кæнæ уый номæй уыцы Фарсы æмбæлон органты архайд æххæст кæныны.

Уац 3
Радтыны уавæртæ

1. Ацы Бадзырдæй пайда цæуы ахæм домæнтæ æххæст кæныны уавæрты:

а) зылынгонд у тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады æмбæстаг кæнæ йын дзы ис æдзухон цæрæн бынат;

æ) тæрхоны уынаффæ бацыд йæ закъонон тыхы æмæ тæрхоны уынаффæ рахæссæг паддзахады æххæст нæ цæуы зылынгондмæ ахасты цахæмдæр уголовон кæнæ æндæр тæрхонæххæсткæнынад;

б) зылынгонд дарддæр цы æфхæрд хицæн кæны, уыцы хай радтыны тыххæй домæн райсыны бон æхсæз мæйæ къаддæр ма хъуамæ уа. Стæм цауты Дыууæ Фарсæн сæ бон у баныхас кæной радтыныл, кæд æмæ баззайгæ æфхæрды æмгъуыд у банысангонд æмгъуыдæй къаддæр;

в) ис зылынгонды фыстæй разыдзинад йæ радтыны тыххæй тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады территорийыл æххæсткæныны тыххæй, кæнæ кæд йæ кар, физикон кæнæ психикон æнæниздзинадимæ баст аххосæгтæм гæсгæ йæ бон нæу йæ хъуыды сæрибарæй зæгъын, уæд йæ закъонон минæвары фыстæй разыдзинад. Тæрхондоны уынаффæ рахæссæг паддзахад хъуамæ консулон бæрнджын адæймаг кæнæ тæрхон æххæстгæнæгæн бауырнын кæна, зылынгонды радтын кæнæ ма радтыны разыдзинад лæвæрд кæй æрцыдысты бархийæ, радтыны барадон фæстиуджытæ æмбарынимæ;

г) фыдракæндтæ, кæцытæ сæ фæдыл расайдтой æфхæрд снысан кæнын, æфхæрд цæуынц уголовон æгъдауæй тæрхон æххæстгæнæг паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ кæнæ вæййынц ахæмтæ йæ территорийыл, сæ саразыны цауы;

д) тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахад æмæ тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад ирдæй загътой сæ разыдзинад радтыны тыххæй;

е) кæд æмæ зылынгонды раттын нæ разиан кæндзæн Дыууæ Фарсæй кæцыфæндыйы суверенитет, æхсæнадон фæтк кæнæ æндæр ахсджиаг интерестæн.

2. Радтыныл масразыуæвын ис ахæм цауты:

а) тæрхоны уынаффæйæ гуыргæ финансон хæслæвæрдтæ зылынгонд куынæ сæххæст кæна кæнæ тæрхонрахæссæг паддзахады хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хæслæвæрдтæ сыххæст кæнынæн лæвæрд не ‘рцыдысты фаг гарантитæ;

æ) æфхæрдæн нæй сæххæстгæнæн, тæрхонтæххæсстгæнæг паддзахады йæ æмгъуыды рæстæг фæуыны аххосæй;

б) кæд Дыууæ Фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ раттынæн ныхдуртæ чи æвæры, ахæм æндæр бындуртæ уа.

Уац 4
Централон æмæ компетентон органтæ

1. Дыууæ Фарсы централон органтæ, кæцытæ бæрндзинад хæссынц ацы Бадзырды банысангонд функцитæ æххæст кæныны, сты:

Республикæ Хуссар Ирыстонæн - Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад;

Уæрæсейы Федерацийæн - Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрад.

Ацы Бадзырд æххæст кæныны рæстæджы централон органтæ аразынц комкоммæ бастдзинад.

2. Дыууæ Фарсы æвæстиатæй дипломатон каналтыл кæрæдзийæн хъусын кæнынц сæ централон органты аивыны тыххæй.

3. Дыууæ Фарсы компетентон органтæ сты ацы Бадзырд реализаци кæныны хайадисæг органтæ.

Уац 5
Химæрайсгæ хæс информаци дæдтыны тыххæй

1. Цахæмфæнды зылынгондæн, кæцымæ гæнæн ис хауа ацы Бадзырд, тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахад информаци дæдты ацы Бадзырды мидисы, афтæ ма радтыны барадон фæстиуджыты тыххæй.

2. Кæд зылынгонд бахатыд тæрхондоны уынаффæ райсæг паддзахадмæ йæ радтыны тыххæй куырдиатимæ, уæд банысангонд паддзахад уый тыххæй хъусын кæны тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахадæн ахæм куырдиат райсыны бонæй цыбыр æмгъуыдмæ.

3. Ацы хъусынгæнинаджы нысан цæуынц:

а) зылынгонды мыггаг, ном (фыды ном), райгуырды бон æмæ бынат, æмбæстагдзинад;

æ) зылынгонды æдзухон цæрæн бынат тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады, кæд æмæ уый зындгонд у, уæд;

б) факттæ цыбырæй фыстæй, кæцытæ расайдтой æфхæрд снысан кæнын;

в) æфхæрды хуыз, æфхæрд ахицæн кæныны æмгъуыд æмæ райдианы бон;

г) уголовон закъондæдтынады пайдацæуæг уагæвæрдты текст.

4. Кæд æмæ зылынгонд бахатыд тæрхондоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахадмæ радтыны куырдиатмæ ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ, уæд тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахад тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахадæн йæ домæнмæ гæсгæ радты ацы уацы 3 пункты банысангонд зонæнтæ.

5. Зылынгондæн кæнæ йæ закъонон минæварæн фыстæй хъусын кæнынц тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад кæнæ тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады ацы уацы 1-4 пункттæй спайда кæныны фæдыл райсгæ цахæмфæнды архайдтыты тыххæй, афтæ ма радтыны фæдыл домæнимæ баст Дыууæ Фарсæй искæцыйы райст цахæмфæнды уынаффæйы тыххæй.

Уац 6
Домæнтæ æмæ дзуаппытæ

1. Радтыны фæдыл иу Фарсы централон органы домæнтæ æмæ сын дзуаппытæ арæзт цæуынц фыстæй æмæ æрвыст цæуынц ацы Бадзырдмæ гæсгæ иннæ Фарсы централон органмæ.

2. Домæн райсæг Фарс цыбыр æмгъуыдты домæн æрвитæг Фарсæн хъусын кæны радтыны домæныл разыдзинад кæнæ æнæразыдзинады уынаффæйы тыххæй.

3. Тæрхонрахæссæг паддзахады централон орган алæвæрды тыххæй куырдиат райсгæйæ, тæрхонæххæстгæнæг паддзахады централон органмæ æрвитгæ домæнимæ хъуамæ бавдиса:

а) зылынгонды тыххæй зонæнтæ (мыггаг, ном (фыды ном), райгуырды бон æмæ бынат);

æ) зылынгонды æмбæстагдзинад æмæ æдзух кæм цæры, уыцы бынат æвдисæг документтæ;

б) тæрхонрахасты æмæ тæрхондонон уынаффæтæм хауæг æппæтуæвæг бæлвырдгæнæнты халдихтæ, тæрхонрахаст йæ закъонон тыхы бацæуыны тыххæй документ;

в) тæрхонрахаст сæххæст кæныны тыххæй документ, сæрибардзинад æрисыны хуызы æфхæрды хайы тыххæй, кæцы сыххæст кодта зылынгонд, æмæ уыцы хайы тыххæй, кæцымæ гæсгæ дардæры æфхæрдахицæн кæнын хъæуы баххæст кæнын, афтæ ма æфхæрд ахицæн кæныны рæстæджы зылынгонды уагахастæн характеристикæ дæттæг документ;

г) уголовон закъоны уацты текст, кæцыйы бындурыл адæймаг æрцыд æфхæрд;

д) тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады территорийыл æххæст кæныны фæдыл йæ раттынæн зылынгонды фыстæй разыдзинад, æмæ йæ фæндон сæрибарæй равдисын куынæ уа кар, физикон кæнæ психикон уавæры аххосæй - уæд та йæ закъонон минæвары фыстæй разыдзинад;

е) тæрхонрахастмæ гæсгæ зылынгонды уæвæг кæнæ чи нæй, уыцы финансон хæслæвæрдты тыххæй документ;

ж) зылынгонды æнæниздзинад æмæ тæрхонрахаст æххæст кæм цæуы, уыцы паддзахады территорийыл æй фæндагыл ласыны фадæтты тыххæй зонæнтæ.

4. Тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахады централон орган, тæрхонрахæссæг паддзахады централон органмæ домæн адæттыны куырдиат куы уа, уæд æрвиты ацы уацы 3 пункты дæлпункттæ «а» æмæ «æ» йы нысангонд чи сты, ахæм документтæ.

5. Тæрхонрахæссæг паддзахады централон орган ацы домæнæн йæ дзуаппимæ æрвиты ахæм документтæ, кæцытæ нысангонд сты ацы уацы 3 пункты дæлпункттæ «б» - «ж» йы.

6. Тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахады централон орган тæрхонрахæссæг паддзахады централон органы домæн сæххæст кæныныл куы сразы уа, уæд йæ дзуаппимæ æрвиты:

а) зылынгондæн ма æфхæрд ахицæн кæнынæн цы æмгъуыд баззад, уый адарддæр кæнынæн йæ райсыны тыххæй фыст разыдзинад;

æ) тæрхондоны кæнæ æндæр компетентон органы уынаффæйы бафидаргонд халдих тæрхонрахаст бафидаргонд фæткмæ гæсгæ сæххæст кæнын, зылынгонды раттыны фæстæ æфхæрд ахицæн кæныны æмгъуыд æмæ уавæртæ банымайыны тыххæй;

б) зылынгонд æфхæрд кæй бындурыл ахицæн кæндзæн, уыцы закъондæттынады уагæвæрдтæй бафидаргонд сфыстытæ;

в) зылынгонды æмбæстагдзинад бæлвырдгæнæг документ.

7. Кæд æнæмæнгхъæуæг уа, уæд Дыууæ Фарсы централон органтæн сæ бон у æрдомой уæлæмхасæн документтæ æмæ зонæнтæ.

8. Ацы Бадзырды уагæвæрдтæм гæсгæ тæрхонрахæссæг паддзахады тæрхондон кæнæ æндæр компетентон орган зылынгонды раттыны (масразыуæвыны) уынаффæ куы рахæсса, уæд тæрхонрахæссæг паддзахады централон органмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ райсыны уысмæй гæнæнуæвæг цыбыр æмгъуыдты хъусын кæны, тæрхонрахаст чи æххæст кæны, уыцы паддзахады централон органæн зылынгонды раттыныл йæ разыдзинады (масразыуæвыны) тыххæй.

Уац 7
Бæлвырдгæнæг документтæ

1. Тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахад тæрхонрахæссæг паддзахады куырдиатмæ гæсгæ уымæн æрвиты:

а) зылынгонд уыцы паддзахады æмбæстаг кæй у, уый бæлвырдгæнæг документ кæнæ куырдиат;

æ) тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахады закъоны уагæвæрдты бафидаргонд халдих, кæцытæм гæсгæ бæрæг у, уыцы паддзахады закъонмæ гæсгæ архайд кæнæ æнæархайд, кæцытæ æркодтой тæрхонрахастмæ, нымад кæй цæуынц фыдракæндыл, гъе та гæнæн уыд ахæмыл нымад æрцыдаиккой, уыцы паддзахады территорийыл сæ куы æруагъдæуыдаид, уæд;

б) зылынгонды раттыны гæнæнуæвæг барадон фæстиуджыты тыххæй информаци, кæцытæ хауынц, тæрхонрахаст чи æххæст кæны, уыцы паддзахады территорийыл тæрхон кæмæн рахастæуыд, уымæн йæ раттыны фæстæ йæ дарддæры æфхæрд ахицæн кæныны дарддæркæнынадмæ (зæгъæм, тæрхон кæмæн рахастæуыд уый раттынмæ ахасты ацы Бадзырды 10 уацы 2 пунктæй спайда кæныны фæстиуджыты тыххæй информаци).

2. Тæрхонрахæссæг паддзахад, зылынгонды раттыны домæн арвитыны фæстæ, кæд Дыууæ Фарсæй искæцы уæды онг нæ фехъусын кодта йе ‘нæразыдзинад раттыны тыххæй, уæд тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахадмæ æрвиты, æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд, зылынгонды медицинон æмæ социалон характеры зонæнтæ, тæрхонрахæсссæг паддзахады йæм цы ахаст уыдис, уый тыххæй информаци æмæ зылынгондмæ тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахады дарддæры ахасты гæнæнуæвæг рекомендацитæ.

3. Куыд тæрхонрахæссæг паддзахад, афтæ тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахадæн дæр сæ бон у æрдомой бавдисгæ информаци, зонæнтæ кæнæ документтæ, кæцытæ нысангонд сты ацы уацы 1 æмæ 2 пунктты, цалынмæ зылынгонды арвитыны тыххæй домæн нæ арвыстæуа, уæдмæ, кæнæ йæ раттыны тыххæй разыдзинады (масразыуæвыны) уынаффæ рахæссыны размæ.

Уац 8
Хæрдзтæ

Зылынгонды раттынимæ баст хæрдзтæ, уыцы нымæцы йæ транзитæй аласыны хæрдзтæ дæр фиды тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахад, тæрхонрæхæссæг паддзахады территорийыл чи æрцыд, уыцы хæрдзты йедтæмæ.

Уац 9
Раттыны фæтк

Тæрхонрахаст æххæстгæнæг паддзахады централон орган тæрхон рахæссæг паддзахады тæрхондон кæнæ æндæр компетентон органы тæрхон зылынгонды раттыны тыххæй разыдзинады уынаффæ рахæссыны хъусынгæнинаг куы райса, уæд Дыууæ Фарсы компетентон органтæ гæнæнуæвæг цыбыр æмгъуыдмæ нысан кæнынц, зылынгонды раттыны бынат, рæстæг æмæ фæтк.

Уац 10
Æфхæрд ахицæн кæнын

1. Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад ифтонг кæны зылынгонды æфхæрд ахицæн кæнын йæхи закъондæдтынадмæ гæсгæ.

2. Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады тæрхондон, ацы уынаффæйыл æнцой кæнгæйæ, йæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ бæлвырд кæны сæрибардзинад æрисыны ахæм æмгъуыд, кæцы нысангонд у тæрхоны уынаффæйы.

Кæд тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ арæзтæрцæуæг фыдракæндæн сæрибардзинад æрисыны кæройнаг æмгъуыд къаддæр у, тæрхоны уынаффæйы нысан чи у, уымæй, уæд тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады тæрхондон бæлвырд кæны сæрибардзинад æрисыны максималон æмгъуыд, кæцы нысангонд у тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады закъондæдтынады ахæм архайд саразыны тыххæй.

Æфхæрды хай, кæцы аххосджын хицæн кæны тæрхоны уынаффæ рахæссæг паддзахады территорийыл, хаст цæуы æфхæрды æмгъуыдмæ.

Уац 11
Хатыр кæнын, амнисти, æфхæрд баивын æмæ тæрхоны уынаффæмæ ногæй æркæсын

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр йæхи закъондæдтынадмæ гæсгæ æххæст кæны хатыр кæнын, амнисти кæнæ æфхæрд баивын.

Æрмæстдæр тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахад у компетентон, хъаст ахæссын кæнæ йæм ногæй æркæсыны фарстатæ скъуыддзаг кæныны.

Уац 12
Non bis in idem

Зылынгонд йæ радтыны фæстæ конд нæ цæуы бæрндзинадмæ кæнæ йыл тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады тæрхон нæ цæуы, тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады æфхæрд снысан кæнын чи расайдта, уыцы архайдтыты тыххæй.

Уац 13
Æфхæрд æххæст кæныны банцад

Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад хъуамæ æрурома тæрхоны уынаффæ æххæст кæнын æвæстиатæй, тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахадæй цахæмфæнды уынаффæ кæнæ истæрцæуæг мадзал райсыны фæстæ, кæцыты фæстиуæгæн ивд цæуы æфхæрд æххæст кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад.

Уац 14
Тæрхоны уынаффæйы ивындзинад æмæ аивын

1. Кæд зылынгонды æфхæрд ахицæн кæныны фæдыл йæ радтыны фæстæ тæрхоны уынаффæ аивта тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады тæрхондон, уæд æмбæлон уынаффæйы халдих æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг документтæ æрвыст цæуынц тæрхоны уынаффæ æххæсгæнæг паддзахады централон органмæ. Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахад скъуыддзаг кæны ахæм уынаффæ æххæсткæныны фæдыл фарст ацы Бадзырды 10 уацы банысангонд фæткмæ гæсгæ.

2. Кæд æфхæрд ахицæн кæныны фæдыл зылынгонды радтыны фæстæ тæрхоны уынаффæ ивд æрцыд уголовон хъуыддаг æруромынимæ тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады, уæд æмбæлон уынаффæйы халдих æвæстиатæй æрвыст цæуы æххæст кæнынмæ, тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады компетентон органмæ.

3. Кæд æфхæрд ахицæн кæныны фæдыл зылынгонды радтыны фæстæ тæрхоны уынаффæ тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады æрцыд ивд æмæ нысан æрцыд ног басгæрст æмæ тæрхондонон равзæрст, уæд æмбæлон уынаффæйы халдих, уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ æвæстиатæй æрвыст цæуынц тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахадмæ, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа зылынгонды тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ бæрндзинадмæ æркæныны фарст.

Уац 15
Информаци дæдтын

1. Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады централон орган хъусын кæны тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады централон органмæ тæрхондоны уынаффæйы тыххæй, кæцы ист æрцыд æфхæрд ахицæн кæнын адарддæр кæныны нысæнттæн, лæвæрдæрцæуæг зылынгондмæ ахасты хатыры акт кæнæ амнистийы актæй спайда кæнын æмæ зылынгонды дзырдæй æмгъуыдæй раздæр æссæрибар кæныны тыххæй, афтæ ма йæ алидзыны цауы.

2. Тæрхоны уынаффæ æххæстгæнæг паддзахады централон орган тæрхоны уынаффæ райсæг паддзахады компетентон органæн дæдты, зылынгонд йæ радтыны фæстæ æфхæрд куыд хицæн кæны, уый фæдыл информаци.

Уац 16
Транзит

1. Дыууæ Фарсæй иуæн зылынгонды радтыны фæдыл æртыккаг паддзахадимæ бадзырд куы уа, уæд иннæ Фарс æххуыс кæны йæ территорийыл зылынгонды транзитон аластæн сæ радтыны тыххæй уыцы бадзырдмæ гæсгæ.

2. Транзитон аласт æххæст кæнын чи фæнд кæны, уыцы Фарс рæстæгыл уый тыххæй хъусын кæны иннæ Фарсæн æмбæлон зонæнтæ банысан кæнынимæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты уыцы Фарсы тæрхондонæн кæнæ æндæр компетентон органæн гæнæнуæвæг уынаффæ райсынæн.

3. Транзитон аластытæ æххæст кæй территорийыл хъуамæ æрцæуой, уыцы Фарсæн ис транзитон аласт ма бауадзыны бар, кæд æмæ тæрхоны уынаффæйы райст расайæг уголовон бархалынад æмбæлон нæу йæ закъондæдтынадмæ гæсгæ, кæнæ кæд зылынгонд у уыцы Фарсы æмбæстаг.

4. Транзитон аласты фæдыл домæн райсæг Фарсæн йæ бон у зылынгонды ахстæй дара уый бæрц рæстæг, кæцы домы йæ территорийыл транзитон аласт, уыцы Фарсы тæрхондон кæнæ æндæр компетентон органы сбæлвырдмæ гæсгæ.

5. Транзитон аласты домæн нæ хъæуы, кæд æмæ аххосджын ласт цæуы уæлдæфы, Дыууæ Фарсæй иуы территорийы сæрмæ, уыимæ дзы нысангонд нæй æрбадт. Фæлæ ахæм аласты тыххæй æнæмæнг фехъусын кæнын хъæуы, ацы аласт кæй территорийы сæрмæ план цæуы, уыцы Фарсæн.

Уац 17
Æвзæгтæ

Домæн æмæ йемæ баст документтæ, хъусынгæнинæгтæ æмæ информаци, кæцытæ Дыууæ Фарс æрвитынц ацы Бадзырды фæлгæтты, арæзт цæуынц уырыссаг æвзагыл кæнæ семæ вæййы тæлмац уырыссаг æвзагмæ æмæ сæрибар цæуынц сæ легализацийы æнæмæнгхъæуындзинадæй.

Уац 18
Консультацитæ æмæ быцæутæ скъуыддзаг кæнын

1. Дыууæ Фарсы централон органтæ сæ иуы фæндонмæ гæсгæ уадзынц консультацитæ ацы Бадзырд æмбарын æмæ дзы пайда кæныны фæдыл, куыд æнæхъæнæй, афтæ конкретон фарсты фæдыл дæр.

2. Ацы Бадзырд æмбарын æмæ дзы пайда кæныны рæстæджы фæзынгæ быцæуаг фарстатæ скъуыддзаг цæуынц консультацитæ æмæ баныхæсты фæрцы.

Уац 19
Архайд рæстæгмæ гæсгæ

Ацы Бадзырдæй пайда цæуы, куыд йæ тыхы бацæуыны размæ, афтæ уый фæстæ истæрцæуæг тæрхоны уынаффæтæ æххæст кæнынæн дæр.

Уац 20
Кæронбæттæн уагæвæрдтæ

1. Ацы Бадзырд йæ тыхы цæуы, Дыууæ Фарсы дипломатон каналтыл йæ тыхы бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй фæстаг фыст хъусынгæнинаг куы райсой, уымæй 30 боны фæстæ.

2. Ацы Бадзырд йæ архайд уромы, Дыууæ Фарсæй иу иннæ Фарсæн дипломатон каналтыл фыстæй йæ архайд æруромыны фæндон цы бон фехъусын кæна, уæдæй 180 боны фæстæ.

 

Фыст æрцыд сахар Мæскуыйы 2014 азы октябры мæйы 14 боны дыууæ экземплярæй, ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн ис æмхуызон тых. Рахатыны хицæндзинады цауы пайда цæуы уырыссаг æвзагыл арæзт текстæй.

 

Date of issue
14/10/2014