Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ фæсарæйнаг æмбæстæгты бацæуыны фæтк

Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ бацæуæн ис æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы территорийæ

Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн:
Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн ис дыууæ паддзахады æмбæстæгты бацæуыны æмæ уæвынады æнæвизæйон.
Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн бацæуыны бардæттæг документтæ:
1. Уæрæсейæйы Федерацийæн æдде Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы бæрæггæнæг паспорт.
2. Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы паспорт.
3. Дипломатон паспорт.
4. Службæйон паспорт.
5. Наудзоджы паспорт (наудзоджы удгоймаг бæрæггæнæн).
14 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы сывæллæтты хъæуы Райгуырды тыххæй бæрæггæнæн æмæ, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг кæй у, уыцы документалон бæрæггæнæн.
Кæд æмæ æнахъом сывæллон (18 азы онг) цæуы иунæгæй кæнæ æртыккаг удгоймагимæ, уæд æм хъуамæ уа нотариалон æгъдауæй фидаргонд разыдзинад йæ ныййарджытæй (кæнгæ ныййарджытæй, æвджиды лæгæй).
Уæрæсейы Федерациимæ æнæвизæйон бацæуæны тыххæй фидыдтытæ кæмæн ис, уыцы паддзахадты æмбæстæгтæн:
Ацы æмбæстæгты категорийы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ бацæуыны тыххæй визæ нæ хъæуы.
РХИ территоримæ (уазæгуаты, туризмы кæнæ фæллойадон архайды охыл) бацæуæн ис, РХИ æмбæстаг чи у, ахæм физикон удгоймæгты (хæстæджыты), кæнæ, РХИ территорийыл регистрацигонд юридикон удгоймæгтæ æмæ организациты æрхуынды бындурыл.
Æмбæлон уагыл арæзт хонæнтæ аразы æрхонæг фарс РХИ МХМ Иммиграцион контролы Управленийы.
Фæсарæйнаг æмбæстæгты ацы категори уазæгуаты æрхоныны куырдиаттæм æркæсыны æмгъуыд у 10 календарон бонæй 30 бонмæ.
Фæллойадон архайды охыл балæвæрд куырдиæттæм æркæсыны æмгъуыд у 30 календарон боны.
Уæрæсейы Федерацийæн визæйон режим кæмæн ис, уыцы паддзахадты æмбæстæгтæн:
РХИ территоримæ бацæуыны тыххæй сæ хъæуы æппын къаддæр дыууæхаттон уæрæсейаг визæ.
РХИ территоримæ (уазæгуаты, туризмы кæнæ фæллойадон архайды охыл) бацæуæн ис, РХИ æмбæстаг чи у, ахæм физикон удгоймæгты (хæстæджыты), кæнæ, РХИ территорийыл регистрацигонд юридикон удгоймæгтæ æмæ организациты æрхуынды бындурыл.
Æмбæлон уагыл арæзт хонæнтæ лæвæрд цæуынц РХИ МХМ Иммиграцион контролы Управленийы.
Фæсарæйнаг æмбæстæгты ацы категори уазæгуаты æрхоныны куырдиаттæм æркæсыны æмгъуыд у 10 календарон бонæй 30 бонмæ.
Фæллойадон архайды охыл балæвæрд куырдиæттæм æркæсыны æмгъуыд у 30 календарон боны.
Цавæр документтæ саразын хъæуы РХИ-мæ фæсарæйнаг æмбæстæгты фæхоныны тыххæй:
1. Хонæг фарсы – РХИ æмбæстаджы паспорт кæнæ РХИ территорийыл регистрацигонд юридикон удгоймаджы документты пакет;
2. Кæй хуындæуы, уыцы адæймаджы паспорты халдих (копи);
3. Хицондзинад (кæд ис, уæд) бæлвырдгæнæн документы халдих (копи);
Хуссар Ирыстоны территоримæ æрцæуыны фæстæ æртæ боны æмгъуыдмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ хъуамæ се’рбацыд срегистраци кæной РХИ МХМ Иммиграцион контролы Управленийы.
Адрес: г. Цхинвал, Тасойты И. уынг (раздæры Чкаловы уынг), 26.
Тел.:+7(9974) 45-19-91.
РХИ-мæ кæй фæнды æрбацæуын туризмы охыл, уыцы фæсарæйнаг æмбæстæгтæн сæ бон у бахатой РХИ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы Комитетмæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ хонæн саразыны тыххæй.
E-mail: fasivadruo@gmail.ru, тел.: +7 (997-4) 45-23-77.
РХИ-ы территорийыл журналистты аккредитаци кæны РХИ информаци æмæ мыхуыры паддзахадон Комитет рарвитæг фарсы куырдиаты бындурыл.
E-mail: resagency@hotmail.com, тел.: +7(997-4) 45-50-52.