Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. интервью ИА «Рес»-æн

- РХИ ФХМ-ӕн цахӕм уыд 2015 аз? Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Министрады архайдӕй ацӕугӕ азы цы ис зӕрдыл бадарӕн?

- Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2015 аз Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады куыстæн хорзыл ис банымайӕн. Уымӕн ӕмӕ Министрадӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент цы бахӕс кодта, уыдон иумӕйагӕй се ппӕт дӕр ӕххӕстгонд æрцыдысты. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады куыстӕн ис сӕрмагонд архайды хиӕдтӕ ӕмӕ йын йӕ фӕстиуджытӕн ӕмӕ эффективондзинадӕн нӕй гӕнӕн цавӕрдӕр иуӕгтæй барӕн. Нӕ уагдоны куыст у, нӕ республикӕйӕн йӕ партнертимӕ кӕрӕдзийӕн пайда ӕмгуыстад фӕарфдӕр кӕнынмӕ, паддзахады истерестӕ дунеон аренӕйыл хъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы имидж фӕхуыздӕр кӕнынмӕ здӕхт Министрады бирӕнымӕц кусджыты ӕрвылбонон уӕхскуӕз куыст.

Ацӕугӕ аз, куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн, структурон реорганизаци уагъд ӕрцыд, эффективон хъуыддагкӕнынад ӕрнывыл ис. Мидӕггагон куысты фӕтк ӕрцыд фидаргонд, сарӕзтӕуыд РХИ-ы дипломатон паспорттӕ. Министрад цы дыууӕ закъоны проекты бацæттæ кодта, уыдон ӕрвыст ӕрцыдысты Парламентмӕ. Дунейы цы вазыгджын ӕхсӕнадӕмон уавӕр ис, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, нӕ уагдон дарддӕр архайдзӕн йæ куысты гъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл хуссарирыстойнаг адӕмы хӕрзиуӕгӕн.

- Ӕддагон политикӕйы уагдоны куысты ахсджиаг фӕдӕздӕхӕн у, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад цы бӕстӕтӕ банымадтой, уыдонимӕ ахастытӕ фидар кӕнын. Дӕ хорзӕхӕй, радзур-ма нын уыцы куысты тыххӕй.

- Ӕцӕгӕйдӕр, махӕн иттæг ахсджиаг у, Хуссар Ирыстонӕн дипломатон ахастытӕ цы бӕстӕтимӕ ис, уыдонимӕ кӕрӕдзийӕн пайда ӕмгуыстад райрӕзын ӕмӕ сфидар кӕнын. Нӕ политикон архайды сӕйраг фӕдӕздӕхӕн у Уӕрӕснйы Федераци ӕмӕ йӕ субъекттимӕ хӕларадон ахастытӕ уӕрӕх ӕмӕ арф кӕнын. 2015 азы 18 марты ӕрфыст ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы тыххӕй Бадзырд, уый нӕ адӕмы цардуагыл ӕмӕ нӕ бӕстӕты ӕмахастытыл хорзырдӕм бандавдзӕн.

Хуссар Ирыстон цы бӕстӕтӕ банымадтой, уыдон географион ӕгъдауӕй дард сты махӕй, ӕмӕ уый бӕрӕгӕй зыны нӕ ахасты интенсивондзинадыл, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, семӕ кусӕм дипломати ӕмӕ культурон бастдзинӕдты ӕмвӕзадыл.

Рагон ӕмахастытӕ нын ис Республикӕ Абхаз, Днестыргӕрон Молдаваг Республикӕ ӕмӕ Хӕххон Карабахы Республикӕтимӕ. Уыдонимӕ нын бирӕ азты дӕргъы ис хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзи нымайыны бындурыл арӕзт ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ.

- 2015 азы декабры абхазаг Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Вячеслав Чирикба загъта, зӕгъгӕ, «Сухумы дзурынц, ӕввахс рӕстӕджы кӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ Сири банымайа Абхазы хӕдбардзинад». Ды дӕр Дӕ интервьютӕй иуы загътай, зӕгъгӕ, ацы бӕстӕимӕ цӕуы бадзырдтӕ. Уый Хуссар Ирыстон ӕндӕр бӕстӕтӕ тагъд рӕстӕджы банымайдзысты, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у? Цы куыст цӕуы ацы фӕдӕздӕхӕны?

- Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр куыст кæны дипломатон ахастытæ саразыны æмæ хæларадон бæстæты нымæц фæфылдæр кæныны хъуыддаджы, агуры æмæ фидар кæны бастдзинæдтæ, регулярон æгъдауæй организаци кæны фембæлдтытæ алыхуызон æмвæзадыл, кусы бирæ бæстæтимæ, уыдон нымæцы Сириимæ дæр.

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады хаххыл цæуы куыст Уæрæсейы аккредитаци кæмæн ис, уыцы фæсарæйнаг дипломатты нымæцæй потенциалон æмцæдисонтимæ, уыдон нымæцы Сирийы УФ-йы минæваримæ. Фидæны нын Сири нæ хæдбардзинад чизоны банымайа, фæлæ уыцы хабар тагъд рæстæджы æрцæудзæн, уый зæгъын нæ бон нæу. Абон Сири зын уавæры ис, æмæ сириаг адæмæн нæ зæрдæ зæгъы тагъд рæстæджы сæм цы уа сабырад æмæ стабилондзинад, уый.

- Ацы аз РХИ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур арæзт æрцыд Экспертон совет. Куыд фæрæстмæ ис ацы хъуыддаг? Экспертон советы куысты исты æвæрццаг фæстиуджытæ Дæ бон у банысан кæнын?

- РХИ ФХМ-ы цур Экспертон совет арæзт æрцыд куыд æддагон политикæ æмæ æхсæнадæмон проблематикæйы фарстатыл ныхас кæныны фæзуат. Уый у хъуыдытæ раргом кæныны реалон механизм. Нырма уал уагъд æрцыд Советы фыццаг рабадт, уым йæ хайадисджытæн уыди фадат, Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæ 2016 азы цахæм хъуамæ уа, уый фæдыл сæ хъуыдытæ зæгъынæн. Хайадисджытæ иузæрдион уыдысты, Экспертон совет саразыны хъæппæрис хорзыл банымайгæйæ æмæ бадзырдтой рабадтытæ æртæ мæй иу хатт уадзыныл. Цы хъуыдытæ уыд загъд, уыдонæй бирæтæ уыдзысты бахынцгонд Министрады куысты, сæрмагондæй, информацион куыст æмæ фæсарæйнаг æмбæстонтимæ куысты фæдыл цы хъуыдытæ уыд загъд, уыдон.
Ныридæгæн дæр зæгъæн ис, æмæ ацы идея у цардхъом. Æвæрццаг аргъгæнтæ нын скодтой куыд нæ коллегæтæ хицауады, афтæ æхсæнады минæвæрттæ дæр.

- Хуссар Ирыстон дæргъвæтин рæстæг архайы, цæмæй Женевæйаг дискусситы фæлгæтты къух фыст æрцæуа тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл. Документ абон дæр нæу æрфыст. Цæмæй тæссаг у уый Хуссар Ирыстонæн æмæ Гуырдзыстон цæмæ иуварс кæны йæхи ацы ахсджиаг документ æрфыссынæй? Æввахс рæстæджы ацы документ æмдзыхгон æмæ æрфыст æрцæудзæн цыма?

- Женевæйаг дискусситæ – сты реалон кусæгон формат, йæ хæс у нæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæнын. Мах иуылдæр уыдыстæм, нæ сыхæгтæй 2008 азы августы цы тæссагдзинад цыд, уый æвдисæнтæ. Гуырдзыстонимæ тыхæй ма спайда кæныны документ фыст куы рцæуа, уый дæр нын сабырдзинады гарантитæ нæ ратдзæн, æмæ фыст кæй нæ цæуы, уый та регионы стабилондзинадæн ахъаз бынтондæр нæу. Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны минæвæрттæ дзыхæй дзургæйæ дæр, куыд Женевæйы дискуссийы хайадисджытæ, афтæ нæ разы кæнынц сабырад æмæ тыхæй ма спайда кæныны принциптыл дзурыныл. Уымæ гæсгæ, æввахс рæстæджы документ фыст æрцæудзæн, зæгъгæ, уый зæгъын нæу нæ бон, фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ ацы формат æнæэффективон у кæнæ йæ æхгæнын кæй хъæуы, уый.

- 2015 азы октябры фæуды Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй сæфт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хъуыддаджы фæдæсгæрсты куысты хайад исын райдыдта хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игнньянович. Ацы куысты цавæр фæстиуджыты тыххæй у Дæ бон радзурын?

- Фарон æхсæнадæмон æхсæны лæгтæ Женевæйаг дискусситы фæлгæтты развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ æрбахуыдтой уголовон фæдæсгæрстыты фæдыл хæдбар эксперт Душан Игньяновичы, цæмæй сбæрæг кæной 2008 азы Хуссар Ирыстоны чи фесæфт æбæрæгæй, уыдоны фарста. Æбæрæгæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй чи фесæфт, уыцы адæмы хъысмæт сбæрæг кæныныл архайдтой 2010 азы дæр. Уæд эксперттæ сбæрæг кодтой, Республикæйы æртæ æмбæстаджы – Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан – куы сæ аскъæфтой, уый фæстæ цасдæр рæстæг кæй уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, уый, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт бæрæггонд нал æрцыд. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы фыдракæндтæ нæ хауынц, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон цы рæстæджы период рахицæн кодта 2008 азы августы трагикон цаутæ раиртасыны тыххæй, уымæ. Игньятович цал хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, уал хатт æмбæлд куыд ацы фарстайыл чи кусы, уыцы официалон адæймæгтимæ, афтæ Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хиуæттимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Душан Игньятович хъуамæ йæ куысты фæстиуджыты фæдыл доклад хатдзæгтимæ æмæ рекомендацитимæ æрбавдиса февралы фæуд кæнæ марты райдианы.

- 2016 азы цы ахсджиаг куысты фæдæздæхæнты, ног проектты реализацийы тыххæй нын Дæ бон у радзурын?

- Нæ куысты фæдæздæхæнтæ бæрæггонд сты «Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады» Уагæвæрды æмæ РХИ-ы Президенты Барамынды « РХИ ФХМ-ы координацигæнæг ролы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг æддагон политикæ уадзыны хъуыддаджы». Сæрмагондæй рахицæн кæнын хъæуы, æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды цы уæлæмхас фидыдтытæ ис, уыдон æрфыст бацæттæ кæныны хайадист, æмæ ма цæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг æмбæстæгты барадон уавæры тыххæй» РХИ-ы Закъон æххæстбæрцæй пайдагонд цæуа, уый тыххæй дæлзакъонон акттæ бацæттæ кæнын. Уый у стыр куыст, æмæ уый фæстиуæгæн фæсарæйнæгты нæ бæстæйы уæвынады æгъдæуттæ бæрæгæй фæивдзысты. Уымæй дарддæр ма æрæмныхгонд цæуы «РХИ-æй рацæуыны æмæ РХИ-мæ æрбацæуыны» закъоны проект. Цыбыртæй куы дзурæм ацы нормативон барадон актты комплексыл, уæд нæ бон у зæгъын, æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн кæнæм визæйон режим, уыдзæн ахæм документтæ, куыд Цæрыны бар-гæххæт æмæ Рæстæгмæ уæвынады тыххæй бар. Уымæ гæсгæ ФХМ-ы Консулон управленийы æмæ нæ фæсарæйнаг уагдæтты консулон службæйы куыст бæрæг фæфылдæр уыдзæн.

 

04.02.2016