Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæс Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Турчы А.Г. Карловы трагикон мæлæты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Турчы А.Г. Карловы трагикон мæлæты фæдыл.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Андрей Геннадийы фырт Карловы лæгмарды фæдыл.

Æрцæугæ хабар Хуссар Ирыстоны нымайынц циникон æмæ мæнгард террористон актыл, кæцы демонстративон хуызы здæхт у æнæ уый дæр вазыгджын регионалон сиуацийы сцырын кæнынмæ.

Министрад курæг у, цæмæй тæфæрфæстæ ракæной уæрæсейаг дипломаты бинонтæ æмæ хиуæттæн æмæ фидарæй ныфс æвæры, ацы варварон фыдракæндмæ хайджын чи у, уыдон се’ппæт дæр æмбæлон æфхæрд кæй æрцæудзысты, уымæй.

 

20.12.2016