Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæс Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн уæрæсейаг хæдтæхæг Ту-154 Сау денджызы сæрмæ хæлд кæй баййæфта, уый фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн уæрæсейаг хæдтæхæг Ту-154 Сау денджызы сæрмæ хæлд кæй баййæфта, уый фæдыл.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы, уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæм байсæфтысты, уыцы хæдтæхæджы хæлды трагикон фæстиуджыты фæдыл. Уый у æнæбаххæстгæнгæ зиан. Хъынцъым кæнæм.

Министрад курæг у, цæмæй тæфæрфæстæ ракæной авиакатастрофæйы чи фæмард, уыдон бинонтæ æмæ хиуæттæн.

 

26.12.2016