Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг

13 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены, уый йæ архайд Миссийы сæрдары бынаты фæуыд кæны.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады архайдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Г-жа Антмен радзырдта, Минæварад йæ мандаты фæлгæтты гуманитарон программæтæ куыд реализаци кæны, уый тыххæй æмæ сбæрæг кодта 2017 азмæ нывæзт.

Дзырд ма цыд æбæрæгæй сæфтыты хъысмæт сбæрæг кæныны æртæварсон Координацион механизмы фæлгæтты иумæйаг архайды фарстатыл.

Джиоты Мурат бузныджы ныхæстæ загъта г-жа Антменæн, Хуссар Ирыстоны йæ куысты рæстæджы цы проекттæ æрцыдысты реализацигонд, уыдон тыххæй æмæ бахахх кодта дарддæры дыууæварсон æмгуыстады райрæзты ахсджиагдзинад.

Цхинвал, 2017 азы 13 февраль

 

13.02.2017