Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

31 марты Мæскуыйы уыд фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Наримæн æмæ ногæй снысангонд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Карлос Рафаэль Фария Тортосимæ.

Фембæлды рæстæджы хъуыдытæ загъдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн хæларадон ахастытæ райрæзты æмæ дыууæварсон æмгуыстады перспективæты фæдыл.

Цхинвал, 2017 азы 3 апрель

 

03.04.2017