Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Н.Ю. Никонороваимæ. Уый æрцыд официалон делегацийы сконды Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн хæларадон ахастытæ алыхуызон къабæзты дарддæр фидар кæныныл.

Фембæлды кæрон Наталья Никоноровайæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

Цхинвал, 2017 азы 21 апрель

 

21.04.2017