Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Хæххон Карабахы Республикæйы делегаци йæ сæргъ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр К.А.Мирзоянимæ. Делегацийы сконды уыд ХКР ФХМ аппараты генералон секретарь-къухдариуæггæнæг Афинян С.Ю., уыдон æрцыдысты Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

Æууæнчы атмосферæйы ацæуæг конструктивон ныхасы рæстæджы дзырд цыд дыууæварсон ахастыты боны фæткы фарстатыл, уымæй дарддæр ма дзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хæххон Карабахы Республикæйы æхсæн æмархайд æмæ æмгуыстады фæфылдæр кæныны перспективæтыл.

Хуссарирыстойнаг фарс равдыста разыдзинад Хæххон Карабахы къухдариуæгады архайдæн регионы стабилондзинад бавæрыны хъуыддаджы.

Фембæлды кæрон уазджытæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Цхинвал, 2017 азы 21 апрель

 

21.04.2017