Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйтты бацыды фæткы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг Бадзырды уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

стабилондзинад æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны къабазы æмгуыстады ахсджиагдзинад хынцгæйæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Ацы Фидыды кæмæй пайда чындæуы, уыцы æмбарынадтæ нысан кæнынц:

«æмбæстæгтæ» – Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæн ис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад æмæ иугæндзон цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æфсæддон комиссарадты хыгъды æмæ Дыууæ Фарсæй иуы гарзджын тыхты сæххæст кодтой сæ æфсæддон службæ;

«хицæн дæлхæйттæ» – Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты сабыр рæстæджы дæлхæйттæ;

«уæрæсейаг æфсæддон базæ» – Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты иумиаг æфсæддон баиугæнд.

Уац 2

Ацы Фидыд реализаци кæныны фæдыл Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ сты:

Хуссарирыстойнаг Фарсæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад;

Уæрæсейаг Фарсæй – Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад.

Дыууæ Фарсы дипломатон каналтыл кæрæдзийæн фыстæй хъусын кæнынц сæ бæрнджын органты ивындзинæдты тыххæй.

Уац 3

Ацы Фидыды Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ хицæн дæлхæйтты бацыд æмбæрстгонд цæуы, контрактмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ райст ӕмӕ сӕ барвӕндон фӕткмӕ гӕсгӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕмӕ сӕ службӕ адарддӕр кӕнынмӕ ӕрвитын.

Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм службӕ кӕнынмӕ бацӕуыны тыххӕй контракт ӕрфыссыны фӕстӕ ӕмбӕстаг хъуамӕ сӕрибар ӕрцӕуа Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службӕйӕ.
Банысангонд ӕмбӕстӕгты ӕфсӕддон службӕ дарддӕр ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстон уадзы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты реформӕ, сӕ штатон нымӕц уыйбӕрц фӕкъаддӕргӕнгӕйӕ, цӕйбӕрц штатон нымӕц нысангонд уа уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхӕйтты сконды, ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм контрактмӕ гӕсгӕ чи бацыд, уыдон хынцгӕйӕ.

Ацы Фидыдӕн йӕ тыхы бацӕуыны бонӕй 3 мӕйы ӕмгъуыдмӕ Хуссарирыстойнаг Фарс бӕстон кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты штатон-табелон документаци, кӕцы ӕмразыгонд цӕуы Уӕрӕсейаг Фарсимӕ ӕмӕ йӕ фидар кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты Уӕлдӕркомандӕгӕнӕг.

Ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн 2015 азы 18 марты фыстӕрцӕуӕг Бадзырды 2 уацы уагӕвӕрдтӕ хынцгӕйӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хӕстӕ ӕмӕ структурӕ сабыр ӕмӕ хӕстон рӕстӕджы бӕлвырд цӕуынц Уӕрӕсейаг Фарсимӕ ӕмразыйӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты ног организацион-штатон структурӕмӕ ахызт фӕуд кӕны, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты Уӕлдӕркомандӕгӕнӕг Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты штатон-табелон документаци куы сфидар кӕна, уымӕй 6 мӕйы ӕмгъуыдмӕ.

Уац 4

Ацы Фидыд фидар кæны, контрактмӕ гӕсгӕ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм ӕмбӕстӕгты службӕ кӕнынмӕ райсыны радон фæтк.

Раздæр контрактмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты æфсæддон службæ чи нæ рацыд, афтæмæй контрактмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм службæ кæнынмæ бацæуын кæй бафæнда, уыцы æмбæстæгтимæ арæзт цæуы фыццаг контракт æфсæддон службæ рацæуыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Дыууæ Фарсæй иуы гарзджын тыхты æнæмæнгхъæуæг æфсæддон службæ рацæуæг æмбæстæгтæ сæрибар цæуынц иннæ Фарсы гарзджын тыхты æфсæддон службæмæ æрсидтæй.

Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм контрактмæ гæсгæ службæ кæнынмæ бацæуын кæй бафæнда, уыцы æмбæстæгтæ хъуамæ æвæрд æрцæуой Цæгат Ирыстон – Аланийы (г. Дзæуджыхъæу) æфсæддон комиссарады æфсæддон хыгъды, Цæгат Ирыстон – Аланийы территорийыл цас уæвынц, уымæ æнæкæсгæйæ.

Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм прапорщикты, сержантты æмæ салдатты æфсæддон бынæттæм æмбæстæгты контрактмæ гæсгæ исын æххæст цæуы контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ æвзарæн пункты (г. Дзæуджыхъæу), афицерты æфсæддон бынæттæм та Цæгат Ирыстон – Аланийы æфсæддон комиссарады Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Фыццаг контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ бацæуыны домæнты сфидаргонд фæткмæ гæсгæ æмбæстæгты æмбæлондзинад сбæлвырд кæнын, контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ цæуджыты медицинон басгæрсты æвдисæндар, профессионалон психологон басгæрсты мадзæлттæ уадзын, афтæ ма физикон цæттæдзинад сбæлвырд кæныны мадзæлтты комплекс æххæст кæныны бæрндзинад æвæрд цæуы Уӕрӕсейы Федерацийы Хуссайраг æфсæддон округы командæкæнынадыл æмæ уагъд цæуы уæрæсейаг æфсæддон базæйы фондты специалистты æххуысæй спайда кæнгæйæ, кæцытæ нысан цæуынц контрактмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ цæуыны æвзарæн пункттæ æмæ æфсæддон комиссарадтæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æфсæддон комиссарадтæ æххæст кæнынц, контрактмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм æфсæддон службæмæ æмбæстæгты райсыны тыххæй æфсæддон хыгъды документтæ цæттæ кæнын æмæ сæ Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы æфсæддон комиссарадмæ адæдтыны хъуыддаг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службæ кæныны рæстæджы æфсæддон цинтæ лæвæрд кæмæн æрцыд, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр кæнæ астæуккаг æфсæддон ахуыргæнæндон каст чи фæцис, гъе та æфсæддон кафедрæйы запасмæ афицертæ цæттæ кæныны программæмæ гæсгæ æнтыстджынæй цæттæдзинад чи райста, паддзахадон, муниципалон æмвæзадыл, кæнæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр профессионалон ахуырады æнæпаддзахадон ахуырадон уагдæтты паддзахадон аккредитаци кæмæн ис æмбæлон нысанмæздæхт цæттæдзинадимæ (дæсныйад), уыцы æмбæстæгтæн банысангонд æфсæддон цинтæ нымад цæуынц.

Уæлдæр кæнæ астæуккаг ахуырадон программæмæ гæсгæ паддзахадон аккредитацимæ гæсгæ ахуырадон архайд чи æххæст кодта, афтæмæй уæлдæр кæнæ астæуккаг ахуырдзинад чи райста, уыдонæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службæ кæныны рæстæджы прапорщикы æфсæддон цин лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы æмбæстæгтæн нымад цæуынц Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæм контрактмæ гæсгæ службæ кæнынмæ цæуыны рæстæджы.

Æфсæддон службæйы дæргъвæтиндзинадмæ ахасты æмбæстæгтæн хыгъдгонд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты службæйы æмгъуыд.

Уац 5

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйттæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ куы бацæуой, уый фæстæ Уæрæсейаг Фарс Хуссарирыстойнаг Фарсимæ æмразыйæ этапгай æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æфсæддон службæгæнджыты мызд æмæ æндæр социалон бафыстытæ фæфылдæр кæныны хъуыддаг.

Уац 6

Ацы Фидыды фæлгæтты адæтгæ информаци цыфæнды формæйы æмæ мидисимæ ма уа, уæддæр дзы пайда кæнæн ис æрмæстдæр ацы Фидыд реализаци кæныны нысæнттæн. Дыууæ Фарсæй æмгуыстады фæлгæтты иуы райсгæ информаци хъуамæ зиан ма ‘рхæсса Дыууæ Фарсæй кæцыфæндыйæн дæр.
Дыууæ Фарсы сæхимæ бæрндзинад исынц ацы Фидыд реализаци кæныны рæстæджы сæвзæргæ кæнæ райсгæ информаци æртыккаг фарсмæ ма адæдтыны тыххæй, развæлгъау иннæ Фарсимæ фыстæй æмразыдзинад нæ райсгæйæ.

Ацы Фидыд реализаци кæныны рæстæджы æмæ йе ‘мгъуыд фæуыны онг Дыууæ Фарсы ‘хсæн паддзахадон сусæгдзинады нысаниуæг кæмæн ис, ахæм информаци кæрæдзимæ æрвитыны, йæ сусæгдзинад хъахъхъæныны барæнтæ æмæ уавæрты фæтк бæлвырд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн сусæг информаци æмхуызонæй хъахъхъæныны тыххæй 2010 азы 7 сентябры фыстæрцæуæг Фидыдæй.

Дыууæ Фарсæн паддзахадон сусæгдзинады нысаниуæг кæмæн нæй æмæ æргомæй парахат кæнын кæй нæ хъæуы, ахæм информаци кæрæдзимæ æрвыст цæуы «Службæйон пайдакæнынæн» нысанимæ.
Банысангонд информаци райсæг Фарс ифтонг кæны йæ бахъахъхъæнын æмæ дзы пайда кæны йæ паддзахады закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Уац 7

Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын кæнæ сæ пайда кæнынимæ бастуæвæг фæзынгæ быцæутæ Дыууæ Фарс скъуыддзаг кæнынц консультацитæ ауадзгæйæ.

Уац 8

Дыууæ Фарсы æмхуызон сразыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ гæнæн ис хаст æрцæуа ивындзинæдтæ, кæцытæ фидаргонд цæуынц хицæн суагъæтæй.

Уац 9

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг чи у, ахæм мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн фæстаг хъусынгæнинаг фыстæй куы фехъусын кæной, уыцы бонæй.

Ацы Фидыд арæзт цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг бадзырды архайды рæстæджы.

 

Арæзт æрцыд сахар Мæскуйы 2017 азы марты 31-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уыимæ дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
31/03/2017