Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боныл 25 аз сæххæсты цытæн

1992 азы майы 28-29 бонты Гуырдзыстоны хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ тугкалæн хæст куы сытынг сты, уæд Цхинвалы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

Ацы историон къахдзæф, 1992 азы Референдумы фæстиуджытыл бындуриуæгæнгæйæ æмæ æхсæнадæмон барады æрдыгæй дæр æнæаипп уæвгæйæ, уыд æнæмæнгхъæуæг хи паддзахаддзинад саразынæн куыд иунæг хи бахъахъхъæныны мадзал æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинæдтæ æмæ бартæ бавæрыны гарантии, афтæ.

Документы нысангонд у, ист кæй æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстон мæлæтдзаг тасы бын кæй уыд, фыдракæндтæ йын йæ адæм æмæ йæ культурæ мæлæты къахыл кæй ныллæууын кодтой, Республикæ Гуырдзыстон СССЦ фехæлды процессы 1989-1992 азты ирæттæн æвирхъауæй æмæ æгъатырæй геноцид кæй расидт», уый тыххæй.

Уыцы историон сессийыл арæзт æрцыд Республикæйы фыццаг Министрты Совет æмæ фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады ахсджиагдæр хæдбар институт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон бастдзинæдты министрад, 2002 азы уый сси Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. 2011 азæй ацы бон нымад цæуы Дипломатон кусæджы боныл.

25 азы размæ арæзт Республикæйы дипломатон службæ йæ фыццаг бонтæй зын уавæрты æрæвнæлдта йæ куыстмæ – паддзахады суверенон интерестæ хъахъхъæнынмæ. Архайдта, цæмæй æхсæнадæмон æмæхсæнад Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады бар банымайа, цæмæй æвзонг Республикæйы æддагон-политикон позицитæ фидар кæной æмæ Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй реалон информаци лæвæрд цæуа.

Æнусы иу цыппæрæм хайы дæргъы æрæмбырдгонд хъæзныг фæлтæрддзинадæй пайдагæнгæйæ, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинады банымадыл æнцойгæнгæйæ, фыццаджыдæр Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æнтыстджынæй реализаци кæны бæстæйы æддагон-политикон курс, ифтонг кæны Хуссар Ирыстоны национ интересты размæцыд æхсæнадæмон аренæйыл, Республикæйы æддейæ цæрæг æмбæстæгты бартæ æмæ суверенитеты хъахъхъæд, бæстæйы социалон-экономикон райрæзтæн æддагон уавæрты сарæзт.

 

Цхинвал, 2017 азы 28 май

 

28.05.2017