Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады нотæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы Федерацийы арвыста нота Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады адресыл, кæцыйы дзырдæуы:

Уæрæсейы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад зæгъы стыр кад кæй кæны Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты Цыппæрæм Департаментæн æмæ йæ хицæн кады хъуыддагыл нымайы, цæмæй йæм арвита æмæ йын зæрдæбынæй раарфæ кæна Уæрæсейы Боны цытæн.

Уæрæсейы Бон, кæцы раздæр хуындис паддзахадон суверенитеты Декларацийы Бон, афтæ йæ бармæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы иууыл нысаниуæгджындæр паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу. Нымад куыд цæуы, афтæмæй растдæр ацы документæй райдайы паддзахады иууыл ногдæр истори, кæцы арæзт у демократи æмæ акъоны уæлдæрдзинады принциптыл.

Уæрæсуйы цы позитивон ивындзинæдтæ цæуы, уыдонæн, афтæ ма дунеон аренæйы йæ кад æмæ авторитет кæй фидар кæны, уымæн стыр аргъ кæнгæйæ мах уырны уый æмæ бæстæйы къухдариуæгад цы политикæ æххæст кæны, уыйдарддæр дæрздæхт кæй уыдзæнис нæ бæстæты хсæн æппæтфарсон агъдауæй æмкуысткæнынады уæрæхдæр кæнынмæ.

Минæварады ацыæхцон фадатæй пайда кæнгæйæ Депортаменты æнæхъæн коллективæн фæнды фидар æнæниздзинады, амонды æмæ æппæт хорздзинады фæндæгты æмæ ма уыимæ Департаментæн ноджыдæр зæгъы, тынг стыр кад ын кæй кæны, уый.

Москуы, 2012 азы, 12 июн

13.06.2012