Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны фæдыл.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«1946 азы хуымгæнæны мæйы 17-æм боны Сирийы хæдбардзинады расидт æрæвæрдта фидар бындур суверенон паддзахады райрæзтæн. Ацы бон сириаг адæм равзæрстой сæрибардзинад, сабырад, æхсæннацион разыдзинад, социалон-экономикон размæдзыд.