Заявления МИД РЮО

Archive

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Референдум ауадзыныл 25 азы сæххæсты фæдыл

19 январы æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады референдумыл. Дыууын фондз азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæ паддзахаддзинад арæзтады фæндагыл акодтой хъысмæтскъуыддзаггæнæг къахдзæф. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд æнæаиппæй юридикон нормæтæм гæсгæ бирæнымæц æхсæнадæмон цæстдарджыты цур, реализацигонд æрцыдысты нæ адæмы æнæисгæ бартæ хæдбардзинад, сæрибар æмæ æдас размæцыды фæндаг равзарыны бартæ.

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуырты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвдисы тыхстдзинад 10-20 ноябры цы ахуыртæ хъуамæ æрцæуой уагъд «НАТО-Гуырдзыстон 2016», зæгъгæ, уыдон тыххæй. Ацы ахуырты сæйраг хæс нысангонд æрцыд, куыд «Гуырдзыстон, альянс æмæ партнер-бæстæты æфсæддон тыхты кæрæдзи æмбарындзинад фæбæрзонддæр кæнын, æмæ сæ къухдариуæгад æмæ контрол кæныны гæнæнтæ фæфылдæр кæнын».

26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл аст азы сæххæсты цытæн. Раст 8 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев йæ къух бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет банымайыны историон Барамындыл. Уымæн йæ размæ уыд хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тугкалæн тох Гуырдзыстоны ныхмæ сæрибар цард æмæ аккаг фидæны сæраппонд.

2016 азы 11 майы Гуырдзыстоны дыккаг хатт райдыдтой НАТО-йы уæрæхмасштабон хæстон ахуыртæ «Nobie partner-2016». Уыдоны нысан у Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн хæстон æмгуысткæнынад æмæ æмархайды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй гуырдзиаг æфсады дæлхæйтты хайадист иумæйаг хæстон операциты.

Венесуэлæйы парламентон æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл

6 декабры Венесуэлæйы уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Националон Ассамблеямæ.

Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты архайæг закъондæттынад æмæ конституцион нормæтæм гæсгæ. Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро сразы ис æвзæрстыты фæстиуджытыл.

Развæлгъау нымадмæ гæсгæ националон парламенты фылдæр хъæлæстæ райста оппозицион блок.
Хуссар Ирыстоны адæм нымайынц Венесуэлæйы æмбæстæгты равзæрст æмæ хæцынц сæ къухдариуæгады фарс, кæцы здæхт у политикон стабилондзинад фидар кæнынмæ æмæ бæстæйы райрæзтмæ.

3 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. сæргълæудæй Хуссар Ирыстонмæ здæхти Тирасполæй, цыран хайад иста Днестргæрон Молдаваг Республикæйы сырæзты 25 азы бæрæгбонон мадзæлтты. Делегацийы уæнгты Кишиневы аэропорты æрурæдтой Молдавийы Республикæйы тыхон уагдæтты минæвæрттæ.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт фехъусын кодта,зæгъгæ, хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæныл бахæцыдысты Гуырдзыстоны ‘рдæм, инженерон æмбондгæнæн дзы куы арæзтой, уæд. Хуссар Ирыстоны арæны фехæлд ма бæттынц Европæйаг Цæдисы сæргълæууæг Дональд Тускы Гурдзыстонмæ плангонд визитимæ, кæцыйы гуырдзиæгты фæндыдис, арæнмæ йæ бæлвырд провокацион нысанæн æркæнын.

Цалдæр азы дæргъы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея райсы Гуырдзыстон кæй æрбавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæ чи аивтой, уыцы адæймæгты тыххæй резолюцийы проект. Гуырдзыстоны азæй-азмæ документы текст фæлхатт кæнгæйæ, фæнды, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн политикон æмæ зыгъуыммæгондæй лигъдæтты проблемæ равдиса афтæ, цæмæй бафидар кæна йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.

БНО ГА лигъдæтты ‘вварс рахæцыны тыххæй цы резолюци райста уый фæдыл

2015 азы 3 июны БНО Генералон Ассамблея ныр æвдæм хатт рахæцыдис Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæтты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон проблемæты тыххæй Гуырдзыстоны резолюцийы проекты ‘вварс. Резолюцийы тыххæй сæ хъæлæстæ радтой 75 бæстæйы æмæ 16 та уыдысты йæ ныхмæ. Æхсызгон хъуыддаг у уый æмæ резолюцийы проекты фарс чин æ рахæцыдис, уыцы паддзахадты нымæц кæй фæфылдæр æртæ иуæджы.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрвылкъварталон хыгъды, афтæ ма Сербийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ивица Дачич катайдзинад загътой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны уавæры тыххæй. Арæзт æрцыдис хъусынгæнинаг «ЕЦÆО мисси кæронмæ сæндидзын кæныны æмæ уыцы территоритæм æхсæндунеон цæстдарджыты бауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад».

2015 азы 12 майы Европæйы Цæдисы Министрты хæдивджыты комитет «Европæйы Цæдис æмæГуырдзыстоны кофликт»-ы боны фæткы фæлгæтты цы уынаффæ рахаста, уым æвзæрыл банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыстой уый, цыма «гуымир æгъдауæй фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад æмæ йын нæй юридикон тых».