Ответы Министра иностранных дел РЮО

Archive

- Абоны бонмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн йæ куысты приоритетон цахæм фæдæздæхтытæ сты?

- Сæйраджыдæр уый æмæ нын нæ æттагонполитикон архайды бындуронæй приоритетон у Республикæ Хуссар Ирыстоны дунеон æмæхсæнады аккаг бынатæй ифтонг кæнын. Æттагон политикæйы къабазы æнтыстытæ æнæфæхицæнгæнгæйæ баст сты паддзахадæн йæхи динамикон рæзтимæ, уымæ гæсгæ æппæт тыхтæ дæр мах хъуамæ аздахæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны имидж скæнæм иууыл химæлвасгæдæр дунейы æппæт бæстæты.

2013 азы 17 сентябры нысан цæуы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыссыны 5 азы сæххæсты бон. Ацы боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид.

2013 азы 9 сентябры нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ арæзт куы ‘рцыдысты, ууыл фондз азы сæххæсты бон. Ацы нысаниуæгджын боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий дæтты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фондз азы кæй сæххæст, уый фæдыл

- 26 августы 5 азы æххæст кæны Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны суверенитет куы банымадта, ууыл. Цахæм нысаниуæг ис 2008 азы августы Уæрæсейы ацы фæндвидар уынаффæйæн Хуссар Ирыстоны адæмы царды?

- 8 августы Хуссар Ирыстон нысан кæндзæнис Гуырдзыстоны агрессийы райдианы фондз азы бæрæгбон. Уыцы фондз азыл цæст ахæсгæйæ, гæнæн ис æмæ зæгъæм, хæстæй фервæзынæн гæнæн уыдис зæгъгæ?

- Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уымæй рацыдис фондз азы бæрц. Дæумæ гæсгæ цахæм сты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бындурондæр фæдæздæхтытæ банымадгонд паддзахады?

- Цахæм аргъ кæныс аивгъуыйгæ азы фæстиуджытæн Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы рæзт æмæ фидар кæныны цæстонгасæй?

- Аивгъуыйгæ аз Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдонæн, æцæгæйдæр, уыдис уæлдай зæрдылдаринагдæр юбилейон.

Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы зымæгон сессийы М. Саакашвилийы раныхасы фæдыл

Парламентон Ассамблейы сессийы президент Саакашвилийы раныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис тенденциозон, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы тыххæй рагацау кæй сфæнд кодта, ахæм. Раст зæгъгæйæ, Гуырдзыстоны президенты дзыхæй, раздæр цы риторикæйыл хæст уыдис, уымæй дарддæр мах ногæй ницы фехъуыстам. Уый та у, Гуырдзыстоны хицауад бирæ азты хæст кæуыл у æмæ йæ кульминаци 2008 азы августы агрессии кæмæн ссис, уый.

Президенты Указы фæдыл РХИ Консулон агентад бакæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн консулон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл РХИ Президент Тыбылты Леониды Указæй Дзæуæджыхъæуы горæты арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

Дзыллон информацийы фӕрӕзты дарддӕр дӕр активонӕй ныхас цӕуы 2012 азы 14 августы газет «Известия»-йы мыхуырӕрцӕуӕг ӕрмӕгыл, кӕцыйы дзырд цыдис, цыма Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. указӕй Республикӕйы сӕйраг горӕтӕн скӕсӕны ‘рдыгӕй цы цалдӕр гуырдзиаг хъӕуы ис, уыдон хъуамӕ ныххафой. Уыцы уацы тыххӕй тынг стыхстысты ныры ӕмӕ ивгъуыды гуырдзиаг политикӕйы, афтӕ ма дунеон организацийы иуӕй-иу минӕвӕртты, уыцы нымӕцы къаддӕр нациты хъуыддӕджы фӕдыл ОБСЕ Уӕлдӕр къамисар ӕлдар Воллебек.

- Цъахæм аргъ кæныс Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн, Дæу дзы куы баурæдтой, уæды онг? Ведомствойы кæцы фæдыздæхт Дæ фæнды фæтыхджындæр кæнын æмæ уый тыххæй цахæм мадзæлттæ аххæст кæнын ис Дæ зæрды?

- Уыцы азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бакодта тынг стыр куыст. Аз афтæ æнхъæлын, æмæ алы этапы дæр æххæстгонд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ æддагон-политикон уагдоны ‘рдыгæй.