Комментарии МИД РЮО

Archive

8-9 декабры Гамбурджы ОБСЕ Министрты Советæн цы радон рабадт уыд, уым Бæстæты къорд, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмбæлтты номæй рапарахатгонд æрцыд фидиуæн, цыран Уæрæсемæ æрсидтысты, цæмæй аива Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы банымад, стæй уæд «Гуырдзыстоны конфликт сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæнынмæ», «оккупацигонд территоритæй æфсæддон баиугæндтæ» ракæнынмæ æмæ «ОБСЕ-йы миссийы æххæст уæвынад» Гуырдзыстоны сног кæныны сидт.

2016 азы 24 ноябры Гуырдзыстоны ФХМ ныммыхуыр кодта радон æрвылкварталон хыгъд «оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты ситуацийы тыххæй», ацы хатт ацы азы июлæй сентябры онг периодмæ.

Документ раздæры «хыгъдтæй» зын рахицæнгæнæн у æмæ æххæстæй дзуапп дæтты гуырдзиаг логикæйæн Гуырдзыстоны сыхаг паддзахадтæн – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазæн негативон хуыз барæй саразыны хъуыддаджы.

УФ ПД ФС депутат Л.Калашниковы фидиуæны фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Леонид Калашников 2016 азы 16 ноябры йæ интервьюйы «РИА Новости»-йæн загъта, зæгъгæ, «… кæд Молдовæйæн йæ территориалон конфликт – Днестыргæроны райхалын йæ къухты бафта, конфедераци саразыны хуызы, æмæ уыцы рæстæджы Уæрæсеимæ дæр рæзын кæна йæ ахастытæ, уæд уый уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Украинæйы конфликттæ райхалынæн калькæ».

Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты фæзындысты Гуырдзыстоны патриархийы делегаци æмæ Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы Генералон секретары минæвар Джеймс Аппатурайы фембæлды тыххæй публикацитæ. Гур æмæ Атъены митрополит куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд «Абхаз æмæ Самачаблойы уæззау уавæрыл».

13 октябры ПАСЕ-йы фæззыгон сессийы пленарон рабадты Германийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, ОБСЕ-йы архайæг сæрдар Франк-Вальтер Штайнмайер йæ раныхасы Европæйы тыгъдады адæймаджы барты ситуацийыл дзургæйæ загъта йæ хъуыды Хуссар Ирыстоны тыххæй, æмæ йæ, куыд адæймаджы бартæм цæстдарæг, афтæ схуыдта «цъæх зонæ» æмæ «сау хуынкъ».

Хуссар Ирыстоны æнæ хъусдард нæ баззадысты, 14 сентябры ТАСС-ы пресс-центры пресс-конференцийы рæстæджы загъд чи æрцыд, В.В. Жириновскийы уыцы фидиуæнтæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты тыххæй. Сæрмагондæй уый загъта, зæгъгæ, «ЛДПР позици у – никæмæн æххуыс кæнын, ницæй республикæтæ, никуы... кæнæ сæхæдæг размæ цæуæнт, æнæ уæрæсейаг фæрæзты æххуысæй, кæнæ Уæрæсейы скондмæ бацæуæнт, кæнæ аздæхæнт æндæр регионы скондмæ».

8 сентябры АИШ-ы Конгрессы минæвæртты Палатæ хъæлæсты абсолютон фылдæр хайы бындурыл райста Резолюци 660, цыран, реалондзинадæй бынтон иппæрд чи у, ахæм мификон терминтæ «территориалон иудзинад»-ы æмæ Уæрæсейы æрдыгæй «Гуырдзыстоны районты оккупаци»-йы тыххæй тезистæй дарддæр ма ис сидт Гуырдзыстонæн «хи бахъахъхъæныны фадæттæ» радтынмæ.

2009 азы 10 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымадта Боливариайнаг республикæ Венесуэлæ, уый сси не’взонг Республикæйы царды ахсджиаг политикон цау. Венесуэлæ – æртыккаг бæстæ, кæцы Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ, йæхицæн зын рæстæг куы уыд, уæд райста ахæм бæрнон æмæ ахсджиаг уынаффæ, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр бузныг уыдзысты Венесуэлæйæ.

Нæ бæстæты æхсæн ис дипломатон ахастытæ, уыд паддзахадон визит Венесуэлæмæ.

5 июлы, ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейæн Тбилисы цы сесси цыд, уым райстæуыд, гуырдзыйы делегаци кæй бацæттæ кодта, уыцы резолюци, «Конфликт Гуырдзыстоны», зæгъгæ, йæ ном.

Нæ хъус æрдардтам, Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй ауадзыны фæдыл АИШ-ы Паддзахадон департаменты официалон минæвары раныхасмæ.

Радон хатт та загъд æрцыдысты, 24 азы размæ йæ актуалондзинад чи фесæфта, уыцы ныхæстæ канд Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады тыххæй нæ, фæлæ ма бынтон æнæбындур ныхæстæ Хуссар Ирыстоны ахæм референдум ауадзыны тыххæй дæр.

Фæстаг рæстæджы дунейы сарæхгонд террористон атакæтæ æвдисынц, æхсæнадæмон терроризмæй кæй ничи у хъахъхъæд, уый. Терроризмæн арæнтæ нæй æмæ æппæт дунейæн дӕр у тæссаг. Сусæггаг нæу, арæх спецслужбæтæ сæхæдæг кæй вæййынц террористон актты организацийы хайджын, уый. 2005-2008 азты РХИ-ы территорийыл Гуырдзыстоны спецслужбæтæ сарæзтой 22 теракты, уыдон фæстиуæгæн 16 адæймаджы фæмард, 34 æмбæстаджы цæфтæ фесты æмæ дзы иутæ та систы инвалидтæ. Уыцы азты Гуырдзыстонæн растдæр терроризм сси конфликт æрбæстон кæнынӕн æмæ бадзырдтӕн иунæг альтернативæ.