Комментарии МИД РЮО

Archive

17 июлы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сæрмагонд хъусынгæнинаджы æвзæрыл банымадта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 58-æм арми Хуссар æфсæддон округы æмæ Хуссар Ирыстоны цы æфсæддон ахуыртæ ауагъта, уыдон æмæ сæ схуыдта «провокацион архайдтытæ».

Ацы аз, 8 декабры бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фарстаты фæдыл Гуырдзыстоны Паддзахадон министр Закареишвили Паата фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон цæттæ у цахæмфæндыйы формæйы диалогмæ дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Хицауиуæгадимæ дæр. Уыимæ иумæ май æ министрады куысты фæдыл æлдар Закареишвили Паата банысан кодта, зæгъгæ, уый сæйраджыдæр «йæ хъусдард здæхта абхазаг æмæ ирон æхсæнадимæ кусынмæ», кæцы фадат радта адæмы ‘хсæн æмахастытæ фидар кæнынмæ æмæ ахъаз кодта кæрæдзийыл æууæндындзинад фидар кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны æнæразыдзинадимæ сæмбæлдысты, хуссарирыстойнаг спортсментæн Венгрийы хицауад виза раттыныл кæй не сразы ис, æмæ Хæдбар футболон ассоциаци (ConIFA) футболæй цы хъæзтытæ уадзы Европæйы чемпионаты фæлгæтты, уым сæ бон кæй не суыдзæн хайад райсын, уый тыххæй фехъусынгæнинагыл.

5 майы ГФР æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлды рæстæджы Франк Вальтер Штайнмаер радон хатт рахæцыдис «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс» æмæ йæ æнæразыдзинад загъта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл сразыдзинады бадзырдыл сæ къухтæ кæй æрфыстой, уый тыххæй. Гуырдзыстоны фарсхæцыны хъуыддаджы Германы позици ног нæу.

31 марты гуырдзиаг лидер Георгий Маргвелашвили парламенты йæ æрвылазон хыгъды Гуырдзыстоны сæйраг нысаныл банымадта бæстæйы иудзинад æмæ æнæхъæндзинад, кæцы, зæгъы, цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй «æнæмæнг хъуыддаг у Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацийæн кæрон скæнын». Уыимæ иумæ Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг æнæмæнг хъуыддагыл банымадта, цæмæй хъуыддагæй фенын кæна йæ аудындзинад абхазæгтæ æмæ ирæтты «хæдбындурдзинад бахъаъхъхъæнын, сæ политикон æмæ культурон бартæ æххæст кæнынæн сын Европæйаг Гуырдзыстоны паддзахад гарант кæй у, уый».

Фæстаг рæсæджы Гуырдзыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ се ‘мыдзаг сты ирон æмæ абхазаг адæмты гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ цы æнæкæрон уарзтæй уарзынц, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæй æмæ сыл, æзфæраздæронæй, бæттынц куы се ‘фсымæрдзинад, куы сын Гуырдзыстоны сконды автономи кæй ратдзысты, куы европæйаг перспективæ.

14 октябры Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ираклий Аласания фехъусын кодта дунеон æмæхсæнады тынг æндæвдадæй Гуырдзыстон кæй райдайдзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «деоккупаци» æмæ, зæгъы, дыууæ бæстæйы парламентты нормативон акттæн нæй ницахæм дунеон-барадон нысаниуæг.

Гуырдзыстоны политикты дунеæмбарынады аббераци уыдон джиз дары æцæгдзинадæн объективонæй æсаргъ кæныны хъуыддаджы. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады фарст, куыд йæ паддзахадон хицауады органты уынаффæты райст никуыцæй хауы, гуырдзиаг чиновниктæ йын цахæм аргъ скæной, уымæ.

Дунеон экономикон форумы арæнты Г. Маргвелашвилийы раныхасы фæдыл

29 сентябры, Стамбулы, Дунеон экономикон форумы аренайы гуырдзиаг лидер Г. Маргвелашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд «Гуырдзыстон бафыста 2008 азы евроинтеграцийы тыххæй». Йæ дзырдтæм гæсгæ уый у Гуырдзыстоны «сæрибар равзæрсты тыххæй æфхæрд». Афтæ Гуырдзыстоны ног сæргълæууæг интерпретаци кæны зæронд, раздæр йæ бынаты чи уыдис, уыцы М. Саакашвилийы рæмысæггаг гæдыныхас.

18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл. Документыл къухтæ ’рфыссын равзæрын кодта стыр резонанс. Гуырдзыстон æмæ ныгуылæйнаг къорд бæстæйы, объективон æцæгдзинад нæ нымайгæйæ, Бадзырдыл къухтæ ‘рфыссын банымадтой дунеон барад фехалыныл.

Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».

Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».

НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенбергы хъусынгæнинаджы фæдыл

НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадт ауадзыны фæстæ пресс-конференцийы НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенберг сарæзта къорд хъусынгæнинаджы, Уæрæсемæ а
Æрсидтис, цæмæй фæстæмæ асида Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад, афтæ ма катайдзинад загъта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыссинаг сты, уый фæдыл дæр.