Арфӕйы фыстӕг Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садреттинмӕ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары номӕй йӕ райгуырæн боны цытæн

Хъуысаты Садреттин

«Зынаргъ Садреттин,

Зæрдæбын арфæ дын кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

Дæ удуӕлдай ӕвӕллайгӕ куыст Турчы цæрæг ирон адӕмы номыл зындгонд у Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр. Бирæ æзты дæргъы æнтысджынæй къухдариу кӕныс Æхсæнад «Алан»-ӕн, æнувыдæй хъахъхъæныс ирон æгъдæуттæ æмæ фарн, размæ кæныс Ирыстоны кадджын ном Турчы бæстæйы.

Уымӕн ӕвдисӕн уыд ӕрӕджы Стамбулы сахары куыд аив ӕмӕ рӕсугъд равдыстой Турчы цӕрӕг ирон адӕм сӕхи Кавказаг адӕмты фестивалы. Бузныг дын зӕгъын дӕ архайд ӕмӕ дӕ лӕггады тыххӕй. Ӕгӕрон уарзт кӕныс Ирыстон ӕмӕ дын бирӕ бантысӕд йӕ номыл ӕмӕ йӕ кадӕн.

Зынаргъ Садреттин, ныфс мӕ ис ӕмӕ дӕ куырыхондзинад, дӕ уӕздандзинад ӕмӕ дӕ ӕгъдау кӕй уыдзысты цӕвиттойнаг Ирыстоны ног фӕлтӕртӕн.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæрæнбон æмæ  рæсугъд æнтыстытæ дæ алы хъуыддаджы дæр».

02.04.2024