Новости

Archive

2011 азы 11апрелæй 15 апрелмæ Страсбургы уагъд цæудзæнис Европайы Цæдисы Парламентон Ассмблейы(ЕЦПА) уалдзыгон сессии. Уым æндæр темæтимæ иумæ плангонд цæуы, Гуырдзыстон, куыд ацы авторитетон дунеон организацийы уæнг, афтæ йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнын.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА уæнгты хъусдард здахы уымæ æмæ Гуырдзыстон демонстративонæй кæй ницæмæ дары йæхимæ цы дунеон хæстæ райста, уыдон. Афтæмæй та сæ сæххæст кæнын уыдис ацы бæстæйы Европæйон Цæдисмæ цæй тыххæй райстой, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Боны 8 апрелы цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

«Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæгъын, стыр цыт дын кæй кæнын æмæ Дæ курæг дæн, цæмæй мын айсай мæ зæрдиаг арфæйæ нысаниуæгджын нымæц Республикæ Хуссар Ирыстоны конституции райсыны Боны референдумыл 10 азы кæй сæххæст, уый охыл.

Абхазы хæдбар Советон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы кæй сæххæст,уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы тел арвыста РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Телы дзырд цæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн зæгъы стыр цин ын кæй кæны æмæ йæ ном кæй æрхауд хæдбар Абхазы Советтон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы сæххæсты цытæн зæрдæйы цæуæг арфæйæ арвитыны фадат.

25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Боливараг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго-Хосе-Гарсия Эрнандесы, кæцыйæн йæ резиденции ис г. Мæскуыйы.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Боливараг Республикæ Венесуэлæйы ‘хсæн дывæрсыг æмгуысткæнынадыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры рæзты фарстыты фæдыл.

Абон, 2011 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Ереды хъæумæ хæстæг чи æрцыдис, уыцы трагедийы фæдыл, кæцы йæ æгъатырдзинадæй ницæмæй хицæн кодта сырдон мийæ.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы мæйы райдианы гуырдзиаг хъæу Эргнеты байгом афтæхуыйнæг «Гуырдзыстоны НАТО-йы информацион центры къуым».

Уый комкоммæдæр у Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджыты пропагандистон къахдзæф,кæцы иу рæнхъыл лæууы ахæм къахдзæфтимæ,цахæм у Гуырдзыстоны февралы уагъд чи æрцыдис,уыцы «оккупацийы бонтимæ».Уый æвдисæн у уыимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад æргомæй æвдисы æмæ цæрджыты цæттæ кæны се стыр бæллиц НАТО-йы рæнхъытæм бацæуынмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат арфæйы тел арвыста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Сергей Мироны фырт Шамбамæ йæ юбилейы цытæн.

Телы дзырдæуы:

Фарст: Сайт «Wikileaks»-ы уыдис ахæм æрмæг,кæцы бæлвырд кæны,зæгъгæ,2008 азы августы хæстон архайдтыты инициатор уыдис Гуырдзыстоны президент М.Саакашвили.Фæлæ,уымæ нæ кæсгæйæ,Гуырдзыстоны хицауиуæгад дарддæр дæр Уæрæсейы аххосджын кæны Гуырдзыстоны ныхмæ гарзджын агресийæ æмæ Хуссар Ирыстоны нымайы оккупацигонд территорийыл.Уый тыххæй Дæ комментарий.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны территоримæ наркотиктæ хæссыны хъуыддаджы уыдис стыр проблемæ. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Плиты Алан. Уый комментарий сарæзта электронон дзыллон информацийы фæрæзты чи фæзындис, уыцы хъусынгæнинæгтæн, зæгъгæ, АИШ паддзахадон департаменты доклады цы хъусынгæнинæгтæ уыдис, уыдоны дзырдæуыдис ахæм хъуыды, цыма, дам, гæнæн ис æмæ наркотиктæ ласт цæуой Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территорийыл.

Европæйаг тæрхондоны Гуырдзыстоны ныхмæ уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтв æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты хъастытæм æркæсыныл кæй не сразы, уый у æнæрæстдзинады акт æмæдзурæг у, адæймаджы бартæм европæйаг ацы кады аккаг организациты æнæобъективон ахастыл.