Новости

Archive

Приднестроваг Молдоваг Республикаты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр цыт кæны РеспубликæХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ æрвиты зæрдæйы арфæй цæуæ тæфæрфæс Транскавказыавтомогистралыл цы траеди æрцыдис,уый фæдыл.

Владикавказæй Цхинвалмæ чи цыдис, уыцы автобус Ручъы хъæумæ ‘ввахс ахаудис былæй арф коммæ.
Афтокатастрофа йæ фæдыл расайдта бирæнымæц адймæты, уыдоны нымæцы сабиты мæлæт дæр. Уый у, баххæстгæнæн камæн ницæмæйуал ис, ахæм уæззау зиан, чи фæмард, уыдоны бинонтæ æмæ хиуæттæн.

18 июлы ТрансКАМыл трагедии кæй æрцыдис, уый фæдыл Абхазы президент Серей Багапш тæфæрфæсы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды адресыл.

Телы дзырд цæуы:

18 июлы ТрансКАМыл трагеди кæй æрцыдис, уый тыххæй Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Георгий Петросян тæфæрфæсы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы дзырд цæуы:

«Арцахы стыр хъынцъымимæ фехъуыстой Ручъы ‘фцæгыл, йæ фæдыл бирæнымæц адæймæгты амæлæт чи, расайдта, уыцы траедийыл. Ацы трагедии уæлдай зындæр та уымæн у семæ дзы кæй фæмард сты æнæхъом сывæллæттæ дæр.

18 июлы ТрансКАМы, аварийы фæстиуææн трагеди кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны чи ис Уæрæсейы Федерацийы уыцы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ арвыста тæфæрфæсы тел.

Телы дзырдæуы:

Хъыгагæн, констатации кæнын ахæм факт æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йæ бон нæ бацис, цæмæй йæхицæн хатдзæгтæ сарæзтаит 2008 азы августы трагикон цауты фæстæ.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджыты бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæг Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Сергей Сураго тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккæгæм азы боны охыл, йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджытæй бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый фæдыл Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Владимир Ястребчак тел æрæрвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

Бар мын радт, цæмæй Приднестроваг Молдоваг Республикæйы номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæгъон фарсхæцынады æмæ æмхуызон масткæнынады ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны хæстон агрессийы бон банысан кæныны охыл.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл сабырæй цæрæг бирæнымæц адæймæгты мæлæт кæй расайдта, уый охыл Венесуэлæйы Абхазы Минæвар Зауыр Гваджава тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарææйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырдæуы:

26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы бæрæгбонон Боны цытæн Придненстроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) сæргълæууæг Сергей Сураго арфæйы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы дзырд цæуы:

«Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады æмæ сæрмагондæй мæхицæй æрвитын Дæуæн иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Боны цытæн.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд 2010 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ.

2008 азы 26 август, Республикæ Хуссар Ирыстоны, дзырд дæр ыл нæй, ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæг нымæцы агъоммæ ирон адæмы историйы уыдис сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад райсыны сæрыл тохы дыууын азы закъонбæрцон фæстиуæг.

26 августы Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Бæрæгбоны цытæн Приднестроваг Молдоваг Респуликæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæты адресыл.

Телеграммæйы дзырдæуы: