Хуымгæнæны мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.
Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр сæ хъуыдытæ загътой хæларадон хуссарирыстойнаг- абхазаг ахастыты уавæры фæдыл, афтæмæй ма æрдзырдæуыд регионалон боны фæткы кæцыдæр фарстытыл.
Абхазы дипломатон минæварады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, абхазаг делегаци фæбузныг ахæм хъæрмуд райсты тыххæй Хуссар Ирыстоны Абхазы культурæйы бонты рæстæджы.