Сообщения МИД РЮО

Archive

Цхуырбаты Казбулат Иналы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2015 азы 9 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Цхуырбаты Казбулат Иналы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2015 азы 10 июль

 

Цалдæр азы дæргъы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея райсы Гуырдзыстон кæй æрбавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæ чи аивтой, уыцы адæймæгты тыххæй резолюцийы проект. Гуырдзыстоны азæй-азмæ документы текст фæлхатт кæнгæйæ, фæнды, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн политикон æмæ зыгъуыммæгондæй лигъдæтты проблемæ равдиса афтæ, цæмæй бафидар кæна йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.

Гасситы Знауыр Никъалайы фырты Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

2015 азы 26 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Гасситы Знауыр Никъалайы фырт нысан æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион бæлвырдгæнæн:

Гасситы Знауыр Никъалайы фырт райгуырдис 1974 азы 13 майы г.Цхинвалы.

Ахуырдзинад:

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 30-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2014 азы 9-10 декабры Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл радон фембæлд. Уагъд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегациты, афтæ ма ЕЦ, ИНО, ЕЦÆО минæвæртты скондæй. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

2014 азы 26-30 ноябры Стамбулы уагъд цыдис аивады Æхсæнадæмон фестиваль «Ирыстоны культурæйы бонтæ Турчы», кæцыйы Уæрæсейы культурæйы министрады фарсхæцынадæй сорганизаци кодта РЦИ-Аланийы культурæйы министрад, Стамбулы ирон æхсæнад «Алан»-ы хайадистæй. Ацы æхсæнады сырæзтыл ацы аз сæххæст 25 азы.

11 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй, уыдис кусæгон фембæлд Женевайы дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисæг делегацийы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Женевайы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ фембæлд, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты радон дискусситы раунды хæдразмæ.

2015 азы 2-3 июны Мæскуыйы уагъд цыдис æвзонг дипломатты Дыккаг форум. Хайад дзы райстой Абхазы, Сомихстоны, Белоруссийы, Хъазахстаны, Хъыргъызы, Молдавийы, Уæрæсейы, Таджикистаны, Туркменистаны æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдæтты минæвæрттæ. Форумы хайадисджытæ æнæформалон, хæларадон уавæрты руынаффæ кодтой æхсæнадæмон боны фæткы бирæ фарстатыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнджытæ æмæ эксперттæ.

2015 азы 28 майы Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. Аппараты уыдис фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы уæнгтæ А.А. Двинянин, Н.Е. Жуков æмæ М.М. Кулахметовимæ. Фембæлды хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты К.И.

2015 азы 16 майы Сардинийы г. Сассарийы уагъд æрцыдис дунеон конференци ахæм темæйыл: «Националон хæдбардзинад æмæ дунеон æмхæдбарад». Сорганизаци йæ кодта парламентон къорд æмæ Федераци Медитерранеа-Маре Нострум (Бæстыастæу денджыз – нæ иумиаг денджыз) Сардинийы Регионалон Советы фарсхæцынадæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй конференцийы арфæйы ныхас ракодта Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиа.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис бæрæгбонон церемони Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæты Минæварадтæ бакæныны фæдыл. ЛАР делегацийы сæргъ лæууыдис ЛАР Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Хоршева Наталья Иваны чызг. ДАР делегацийы сæргъ та – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кофман Александр Игоры фырт.

2015 азы 23 апрелы Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниель Манагуайы фембæлдис Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Самуэль Сантос Лопесимæ.

Фембæлды Тыбылты Даниель Самуэль Сантос Лопесмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.

Ныхас кæныны рæстæджы, кæцы ацыдис кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ æмбарыны уавæрты, кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дывæрсыг ахастытæ æмæ дунеон боны фæткы актуалон фарстаты фæдыл.

Цхинвал, 2015 азы 24 апрель

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, 2015 азы 23 апрелæй кæй райдайдзæнис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) конкурсон равзæрсты нысанон бынæтты хайад райсын сæраппонд кæй райдайдзæнис куырдиæттæ исын.