Сообщения МИД РЮО

Archive
Круглый стол «Южная Осетия – Россия 15-летие установления дипломатических отношений»

Рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ ауагъта тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: 15 азы дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй», кæцы ацыд ХИПУ-йы конференц-залы.

Тымбыл фынг ацыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 15 азы рацыты цытæн.

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны бонæй 15 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 9-æм бон æххæст кæны 15 азы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл.

Уый фæдыл рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ уадзы ХИПУ-йы конференцзалы тымбыл фынг «Хуссар Ирыстон- Уæрæсе: 15 аз дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй».

Тымбыл фынджы куысты хайад райсдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны зонадон æмæ политикон æхсæнады минæвæрттæ, æхсæнадæмон ахастыты фадыджы дипломаттæ æмæ эксперттæ.

Акция в память о жертвах Бесланской трагедии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны мысынц Беслæны æгъатыр теракты амæттæгты. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон 30 террористæй фылдæр бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, кæцыты æртæ боны дæргъы хъизæмарæй мардтой, нæдæр сын дон уыд, нæдæр хæрд. Беслæны трагедийы фыдгæнджыты къухтæй фæмард сты 334 адæймаджы, се ’хсæн 186 сывæллоны. Фæмард сты тыхон структурæты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Алыхуызон цæфтæ райстой 810 адæймаджы.

Ахсар Джиоев и Денис Монкада

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ Никарагуайы ‘рдыгæй  Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

А.М. Джиоев и С.В. Газарян

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Газарянмæ Республикæ Арцахы боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:  

«1991 азы рухæны мæйы сæрибар æмæ хæдбардзинады фæндаг равзаргæйæ, арцахæгтæ уæззау тохы рацыдысты Республикæйы арæзтад æмæ размæдзыды зын фæндаг.

Хуссар Ирыстоны сæ хъус дарынц Хæххон Хъарабахы алыварс сæвзæргæ уавæрмæ æмæ сты уый æвварс, цæмæй уæвæг фарстытæ скъуыддзаг цæуой сабырæй, Арцахы цæрджыты хъуыды хынцгæйæ.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы сырæзтæй 33 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1990 азы рухæны мæйы 2-æм бон Приднестроваг Молдаваг Республикæйы хæдбардзинады банымад ссис приднестровæгты ахсджиаг къахдзæф хæдбарад æмæ историон рæстдзинады фæндагыл. Хъайтардзинад æмæ лæгдзинад æвдисгæйæ, приднестровæгтæ зын æхсæнадæмон уавæры фидарæй хъахъхъæнынц сæ сæрибардзинад.

XXVI Международные летние дипломатические игры

Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хуындæй Хуссар Ирыстоны Минæварад Уæрæсейы райста хайад XXVI Æхсæнадæмон сæрдыгон дипломатон хъæзтыты.

Дипломатон ерысты алы æмæ алыхуызон спорты хуызты æрвылаз дæр Минæварад свæййы сыгъзæрин æмæ æвзист уæлахиздзау. 

Спортмæ уарзондзинад иу кæны дипломатон минæварадты, фæсарæйнаг бæстæты минæварадты æмæ æхсæнадæмон организациты кусджыты.

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Уæрæсейы ‘рдыгæй  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитеты банымад ссис нæ адæмы сæ сæрибардзинады сæрыл æмæ сæ зæххыл сабырæй цæрыны бирæазон тохы æппæты растдæр фæстиуæг. Ацы стыр сгуыхтдзинад ныл æвæры уæлдай хæстæ, цæмæй фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнæм сабырад, нæ паддзахадты размæдзыд.

Ахсар Джиоев и Инал Ардзинба

Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы: 

«2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банымад суверенон æмæ хæдбар паддзахадтæй ссис нæ паддзахадты нырыккон историйы ахсджиагдæр цаутæй иу.

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«15 азы дæргъы Паддзахад Алани размæ цæуы куыд æхсæнадæмон ахастыты æмбар субъект æмæ Уæрæсейы фидар партнер. Ацы бон бакондæуыд бæстæйы историйы ног сæргонд, кæцы дзурæг у размæдзыд æмæ райрæзтыл.

Южная Осетия и Сирия

Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Æхсызгон мын у, кæй дæм æрвитын мæ зæрдæбын арфæтæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн юбилейы фæдыл.