Æрвылаз дæр зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Мысæн бон.
1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон, гуырдзиаг хæстон агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ куы сытынг, уæд Зары «царды фæндагыл» гуырдзиæгтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Уыцы æбуалгъ фыдракæнды фæмард 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ.