Сообщения МИД РЮО

Archive

Зæрдæвæрæны мæйы 16-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар кусæгон балцы ацыд Республикæ Абхазмæ.

Балцы фæлгæтты Джиоты Æхсар хайад райсдзæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты.

Цхинвал, 2023 азы зæрдæвæрæны мæйы 16-æм бон

Совместная пресс-конференция представителей комитета «Матери Беслана» и делегации из Италии

Зæрдæвæрæны мæйы 13-æм бон горæт Беслæны (Республикæ Цæгат Ирыстон- Алани) ацыд комитет «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвæртты æмæ Италийы делегацийы иумæйаг пресс-конференци.  Делегацийы сæргъ лæууыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджа.

Ацы аз хуымгæнæны мæйы Мауро Мурджайы хуындæй террористон актты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мадæлтæ»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Итали.

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы телтæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы телы банысан кодта:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у нæ иумæйаг историйы уæлдай ахадгæ датæ. У кады, хæстон æмæ æмбæстагон хъæбатырдзинады бон. Уæд бирæнацион советон адæм фæрсæй- фæрстæм слæууыдысты 
фашизмы ныхмæ æмæ равдыстой сæ лæджыхъæд.

Церемония возложения гирлянды Славы и Памяти к Вечному огню

Зæрдæвæрæны мæйы 8-æм бон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Кады аллейы Æнусон арты ацыд Кады æмæ Мысæн венокты сæвæрды цытджын церемони.

Церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Республикæйы министрадты æмæ уагдæтты минæвæрттæ, æхсæнад.

Онлайн-турнир по быстрым шахматам между детскими командами Южной Осетии и Приднестровья

Зæрдæвæрæны мæйы 7-æм бон Стыр Уæлахизы 78-æм азы боны хæдразмæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы сывæллæтты командæты ‘хсæн ацыдысты тагъд шахмæттæй хъæзтытæ. Уагъд æрцыдысты Абхазы, Хуссар Ирыстоны, Приднестровьейы сывæллæтты командæты æхсæнадæмон онлайн-турниры фæлгæтты. 

Онлайн-турнир ацыд Приднестровьейы Официалон Минæварады Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Официалон Минæварады Приднестровьейы хъæппæрисæй.

Шахмæтты федерациты ‘рдыгæй мадзалы хайад райстой Сæулохты Георгий (Республикæ Хуссар Ирыстон) æмæ Галина Сапрыкина (Приднестроваг Молдаваг Республикæ).

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с Чрезвычайным и Полномочным Послом Боливарианской Республики Венесуэла в Республике Южная Осетия Х.Р. Саласаром Веласкесом

Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастыты райрæзтыл æмæ бадзырдтой иумæйаг фарстыты фæдыл дарддæры æмгуысткæнынадыл.

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева с Чрезвычайным и Полномочным Послом Республики Абхазия в Российской Федерации А.А. Квициниа

Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы  Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Алхас Квициниаимæ.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры райрæзтыл.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийы Уалыты Зара.

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 25-æм бон

 

 

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Ахсара Джиоева с Чрезвычайным и Полномочным Послом Республики Никарагуа в Республике Южная Осетия Альбой Асусеной Торрес Мехия

Хуымгæнæны мæйы 21-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияйы фембæлд.

Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийы Уалыты Зара.

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Ахсара Джиоева с Чрезвычайным и Полномочным Послом Сирийской Арабской Республики в Российской Федерации Башаром Джаафари

Хуымгæнæны мæйы 20-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафарийы фембæлд.

Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн цæмæй дывæрсон æмгуыстад арфдæр кæна æмæ æмархайд цæуа алыхуызон æмвæзадтыл, æппæт уыцы актуалон фарстытыл æрдзырдæуыд ныхасы рæстæджы.

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 20-æм бон

 

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ.

Сæрмагондæй, æрвыстæджы дзырдæуы:

«1946 азы хуымгæнæны мæйы 17-æм бон у сæрибаруарзаг сириаг адæмы национ иудзинад æмæ ныфсы бон. Уæдæй фæстæмæ райдыдта хæдбар суверенон паддзахад аразыны рæстæг.

Ахсар Джиоев и Алан Елбакиев

Хуымгæнæны мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланы.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр сæ хъуыдытæ загътой хæларадон хуссарирыстойнаг- абхазаг ахастыты уавæры фæдыл, афтæмæй ма æрдзырдæуыд регионалон боны фæткы кæцыдæр фарстытыл.

Абхазы дипломатон минæварады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, абхазаг делегаци фæбузныг ахæм хъæрмуд райсты тыххæй Хуссар Ирыстоны Абхазы культурæйы бонты рæстæджы.

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Хуымгæнæны мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон æмгуыстадимæ баст фарстытыл.

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 12-æм бон