Archive

Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Минæварадты ‘мвæзадыл дипломатон ахастыты сырæзтыл дыууæ азы кæй сыххæст, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Телы дзырдæуы:

«2008 азы 9 сентябры Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ дипломатон ахæстытæ арæзт кæй æрцыдысты, уый ноджыдæр иу хатт дзурæг у Стыр Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн цахæм стыр фарсхæцынад дæтты æмæ æххуыс кæны, ууыл.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл 2010 азы 15-16 декабры Женевæйы уыдис дунеон дискусситы 14-æм раунд. Куыд раздар ,афтæ та ныр дæр фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазийы, Гуырдзыстоны, УФ æмæ АНШ делегацитæ БАО, Евроцæдисы æмæ ОБСЕ минæвæртты сæрдариуæгадæй. Боны фæткы фæлгæтты æдасдзинады фæдыл кусæгон къорды фыццаг бон байхъуыстой кæрæдзийы хъуыдытæм РХИ æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон территориты уавæры тыххæй.

Фарст: Цахæм аргъ скæндзынæ ОБСЕ цы саммит уыдис, уымæн, æмæ цахæм уыдысты йæ фæстиуджытæ?

Дзуапп: 1-2 декабры ОБСЕ-йы цы саммит уыдис, уый ныридæгæн бирæтæ хонын райдыдтой историон. Фыццаджыдæр уый, æмæ уымæй размæ цы саммит уыдис, уæдæй фæстæмæ рацыдис 11 азы, дыккаджы та уый, æмæ уагъд æрцыдис Азийы.

18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Плиты Нодары.

Ныхæсты рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн рæзты перспективæты уавæрмæ. Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр райгондæй банысан колтой, æндæр æмæ æндæр къабæзты æмкуысткæнынады позитивон динамикæ. Загътой, зæгъгæ, дарддæр дæр цæттæ сты, дыууæ паддзахады интерестæн дæр дзуапп чи дæтта, ахæм дывæрсыг бастдзинæдты дарддæры къахдзæфтæ аразынмæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы Боны цытæн уагъд ææрцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты.

РХИ Прокуратурæйы кусджыты коллективы профессионалон бæрæгбон нысан æрцыдис 2008 азы августы цауты фæстæ РХИ Генералон Прокуратурæйæн арæзт чи ‘рцыдис, уыцы ног бæстыхайы.

Хуссар Ирыстоны прокуратурæ бирæ сарæзта барвæтк æмæ закъондзинад сфидар кæныны сæраппонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат 14 январы йæхимæ райста Республикæ Хуссар ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады сæргълæууæг Пухаты А.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Респуликæйы дывæрсыг æмкуысткæнынады фарстатыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры перспективæтыл.

Цхинвал, 14 январь 2011 азы

Европæйаг тæрхондоны Гуырдзыстоны ныхмæ уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтв æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты хъастытæм æркæсыныл кæй не сразы, уый у æнæрæстдзинады акт æмæдзурæг у, адæймаджы бартæм европæйаг ацы кады аккаг организациты æнæобъективон ахастыл.

Дзыллон информацийы къорд фæрæзтæ апарахат кодтой хъусынгæнинаг мароккайиаг полиции æмæ æфсæддонтæ палаткæйы лагерь Грейм Изик кæй ныппырх кодтой, уый тыххæй. Лагерь сарæзтой бынæттон цæрджытæ горæт Эль-Аюнамæ хæстæг ныгуылæн Сахарайы хайы, кæцыйыл контроль кодта мароккайнаг администраци. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, быцæуæмбæлды рæстæджы фæмард сты цалдæр адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фесты цæфтæ æмæ райстой травмæтæ, мароккайаг хицауиуæггæнджытæ дарддæр дæр ныхдуртæ аразынц, цæмæй журналисттæ уагъд ма ‘рцæуой Эль Аюнæйы районмæ.

3 ноябры Республикæ Хуссар ирыстонмæ æрцыдис национ къаддæрады фæдыл ОБСЕ Уæлдæр Къамисар, Минæвар Кнут Воллебек.
Минæвар Кнут Воллебекы йæхимæ райста РЮО Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Фембæлды уыдысты фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æвджиддар Цоциты Б.Е., адæймаджы барты фæдыл РХИ президенты Æвджиддар Санахъоты Д.Г. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С.

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны, цæмæй ОБСЕ декабры Саммиты равæра фарст бæстæмæ хъусдарæджы охыл ОБСЕ Мисси раздахыны тыххæй. Гуырдзыстоны хицауады ацы нысаны тыххæй ноджы конкретондæрæй та загъта Гуырдзыстоны фæфарайнагхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, официалон Тбилисимæ «ис стыр цымыдисдзинад, цæмæй ОБСЕ исты пайдатимæ раздаха фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сын фадат уа Гуырдзыстоны оккупацигондтерриторийыл мониторинг æххæст кæнынæн». 

Сент-Винсенты æмæ Гренадины паддзахады хæдбардзинады Боны цытæн, кæцы нысангонд цæуы 27 октябры, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. арфæйы тел арвыста Сен-Винсентайы æмæ Гренадины Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Йæ Бæрзонддзинад Луис Хилтон Стрейкермæ.

Телы дзырд цæуы:

Хæларзæрдæйы уавæрты Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс Хуссар Ирыстоны территоримæ ракодта Перевийы хъæумæ ‘ввахс ын чи уыдис (РХИ æмæ Гуырдзыстоны ныгуылæн арæн), йæ уыцы арæнхъахъхъæнæг посты. Уымæ цæттæгонд цыдис серьезон æгъдауæй. Уæрæсейы Æуасдзинады федералон службæйы хаххыл хæххон, зынбафтæн кæдæм у, уырдæм арæзт æрцыдис, йæ даргъ 10 километры кæмæн у, ахæм иувæрсты ахизæн фæндаг. Уый Карзманы комы иу кæны Хуссар Ирыстоны иннæ территориимæ æмæ ахсджиаг у бынæттон цæрæг ирæтты ифтонг кæнынæн.