РХИ Фæсарæйнаг хъуыддагты министры тел УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Минæварадты ‘мвæзадыл дипломатон ахастытæ кæй сырæзтысты ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд

Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Минæварадты ‘мвæзадыл дипломатон ахастыты сырæзтыл дыууæ азы кæй сыххæст, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Телы дзырдæуы:

«2008 азы 9 сентябры Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ дипломатон ахæстытæ арæзт кæй æрцыдысты, уый ноджыдæр иу хатт дзурæг у Стыр Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн цахæм стыр фарсхæцынад дæтты æмæ æххуыс кæны, ууыл.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц æмæ сыгъдæг зæрдæйæ бузныг зæгъынц Уæрæсейы Федерацийæн йе стыр æххуысы тыххæй æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны цахæм стыр тых хардз кæны дунейы аренæтыл ын йæ позицитæ фидар кæныны, Кавказы сабырад æмæ стабилондзинадыл цы стыр куыст кæны, уый тыххæй.

Курæг дæн стыр цыты аккаг Сергей Викторы фырт, цæмæй мын айсай мæ зæрдæйын арфæтæ фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ Дæуæн дæр æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дипломаттæ æмæ кусджытæн, уæ куыст æмæ уæ профессионалондзинадæй нæ паддзахадты ‘хсæн кæй ахъаз кæнут нæ паддзахадты ‘хсæн иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл æмкуысткæнынад æмæ æмархайдæн».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты
Пресс-службæ

27.01.2011