Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусынгæнинаг

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæхъусынгæнинаджы фæдыл

Ацы аз, 18 февралы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рапарахат кодта ахæм хъусынгæнинаг, кæцыйы æвзæрыл нымайы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй» Бадзырдыл сæ къухтæ кæй æрфыстой, уый æмæ æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй Гуырдзыстонмæ ахасты «ахадæн мадзалттæ ист арцæуой УФ архайдтыты ныхмæ».

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусынгæнинаг æнæнхъæлæджы нæ уыдис Цхинвалы æмæ йыл дис дæр ничи бакодта, уымæн æмæ Гуырдзыстоны хицауад, кæцы нæ нымайы, регионы бирæ азты реалонæй цы цæуы, уый æмæ ма йын иунæг рахæцæн у, цæмæй араза ахæм хъусынгæнинæгтæ æмæ йæхицæй араза дун-дунеон масштабы амæттаг. Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад нæй гæнæн ма зона сыхаг паддзахадтимæ хæларсыхагон ахастытæ фидар кæныны æмæ семæ сабырадон æмкуыст кæнынæн нртæккæ иууыл стырдæр нысаниуæг кæй ис паддзахадон арæны тыххæй Бадзырдыл къухтæ’рфыссынæн, кæцы нысан кæны кæрæдзийы суверенитетæн аргъ кæнын æмæ паддзахадты территориалон æнæхъæндзинад, ныртæккæ та Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æппæт бæрндзинадæй хъусын кæны, зæгъгæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй» Бадзырд ницы хуызы нæ хъыгдары Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады æмæ бæлвырд кæны, ацы документæй кæй сæрæзтис хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæны дунеон барадон статус. Уымæй дарддæр ма ацы документыл къух æрфыссын ноджыдæр банысан кодта гуырдзиаг политикты æмæ сæ ныгуылæйнаг фарсхæцджыты афтæхуыйнæг Хуссар Ирыстоны «оккупаци» кæй хонынц, уый кæй у гуырдзиаг политикты æнæсæрфатдзинад æвдисæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты ноджыдæр иу хатт зæрдыл лæууын кæны уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад Гуырдзыстонмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ хатыдис, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæны делимитаци кæныны куыстмæ рæвнæлдтаиккой иумæ, цæмæй ифтонг цæуа регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад, фæлæ ахæм фæндондзинад абон дæр ницæмæ дарынц Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджытæ.

Цхинвал, 2015 азы 20 февраль

 

20.02.2015