Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы боны цытæн

Южная Осетия и Абхазия

Конституцийы боны цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.  

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны Конституци ныффидар кодта паддзахады архайды ахсджиаг иуæгтæ. Фидарæй нæ ныфс ис, паддзахадон хæстæ дарддæр дæр скъуыддзаг кæй цæудзысты Сæйраг закъоны фæрцы, ахъаз кæй уыдзæн паддзахады размæдзыдæн. 

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ бындуриуæг кæнынц хæлардзинад, æмбаргæдзинад æмæ иумæйаг æххуысыл. Ныфс дарæм, æмæ сæ размæдзыд дзуапп кæй дæтты не ‘фсымæрон республикæты адæмы интерестæн». 

08.04.2024