Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2015 азы 12 майы Европæйы Цæдисы Министрты хæдивджыты комитет «Европæйы Цæдис æмæГуырдзыстоны кофликт»-ы боны фæткы фæлгæтты цы уынаффæ рахаста, уым æвзæрыл банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыстой уый, цыма «гуымир æгъдауæй фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад æмæ йын нæй юридикон тых». Уымæй дарддæр ма Европæйы цæдисы хæдивджытæ документы загътой, зæгъгæ, «серьезон катайдзинад, Уæрæсейы Федераци дарддæр дæр Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл сындзын телы æмбæндтæ æмæ æндæр хæдаразгæ ныхдуртæ кæй аразы, уый æмæ, зæгъы, уымæй хæлд цæуы, уым цы адæм цæрынц, уыдоны бартæ æмæ сæрибардзинад, уыцы нымæцы иу ранæй иннæ ранмæ сæрибарæй цæуыны æмæ мадæлон æвзагыл ахуырад райсыны бартæ».

Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ нымад паддзахад, хæдбарæй бæлвырд кæны йæ мидæггагон æмæ æттагон политикæ æмæ йæ закъондæттынадон базæйыл æнцой кæнгæйæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн æрнывыл æмæ йыл контроль кæнын хауы æрмæстдæр йæ хицауиуæгады компетенцимæ. Уыимæ иумæ ма бæлвырд куыд у, афтæмæй хуссарирыстойнаг фарс цы мадзæлттæ райста паддзахадон арæн æрнывыл кæныны тыххæй, уый фæрцы бынæттон цæрджыты ‘хсæн дзæвгар фæкъаддæр сты, барæй кæй нæ аразынц, уыцы инциденттæ. Уый ахъаз кæны арæнгæрон æдзух чи цæуынц, уыцы инциденттæ æмæ æндыгъддзинад къаддæр кæнынæн.

Афтæ кæй зæгъынц, зæгъгæ, дам, адæмы бартæ хæлд цæуынц мадæлон æвзагыл ахуырдзинад райсыны хъуыддаджы, уый дæр у, бынтондæр кæмæн нæй, ахæм. Республикæ Хуссар Ирыстоны компактонæй кæм цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг нымад цæуы официалоныл. Бæлвырд у ахæм факт æмæ Республикæйы территорийыл фондз скъолайы гуырдзиаг æвзагыл кæй ахуыр кæнынц.

Уæрæсейы Федерацимæ сидт «Хуссар Ирыстоны территоримæ Европæйы Цæдисы органтæн кæддæриддæр бацæуыны бар цæмæй сифтонг кæна», уый тыххæй та банысан кæнын хъæуы уый æмæ Европæйы Цæдисы министрты хæдивджытæ хъуамæ зониккой дунейы кæцыфæнды бæстæйы территоримæ бацæуыны хъуыддаг æххæст кæй цæуы йæ мидæггагон закъондæттынадæй æмæ афтæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æххæст бæрндзинадæй хъусын кæны, Хуссар Ирыстоны адæммæ æмæ йæ закъондæттынадмæ цахæм æмбæлы, ахæм ахаст чидæриддæр дары, уыцы дунеон организацитæ æмæ бæстæтимæ кæддæриддæр цæттæ кæй у æмархайд кæнынмæ.

Кæцыфæнды паддзахадæн дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæн дæр йæ рæзты хъуыддаджы æнæмæнгхъуыддаг у, цæмæй ифтонг уа фидар æдасдзинадæй. Æмæ растдæр уыцы нысанæн æрцыдысты къухтæ фыст Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Урæсейы Федерацийы ‘хсæн бадзырдыл, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй карзæй-карздæр куы кæнынц æртхъирæнтæ, уæд. Республикæ Хуссар Ирыстон йæ хъахъхъæнынадон æдасдзинад фидардæр кæныны хъуыддаг уыны æрмæстдæр Уæрæсейы Федерациимæ уæрæх æмкуысткæнынад æмæ координацигонд архайды.

Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг партнерты кæд æцæгæй фæнды, цæмæй регионы сабырадæн ахъаз кæной, уæд хуыздæр уаит сæ къух сисиккой гуырдзиаг хицауиуæгады фарсхæцынадыл, искæй территорийыл даутæ кæныныл æмæ ныууадзой мæнг ныхæстæ, йæ территориалон æнæхъæндзинад хæлд цæуы, зæгъгæ, ууыл. Уый бæсты Тбилисы къухдариуæгадæн бамбарын кæной сæ иунæгиу раст фæндаг. Уый та у, уæвæг реалитимæ сразы уæвын, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон документыл къух æрфыссын æмæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгадимæ аразой комкоммæ конструктивон диалог.

Цхинвал, 2015 азы 18 май

 

18.05.2015