Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 26-æм бон Хуссар Ирыстон нысан кæны сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй иу- Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад.

Фынддæс азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитрий Медведев бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ суверенитет банымайыны фæдыл Барамынд. Ацы бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æнхъæлмæ кастысты 18 азæй фылдæр æмæ ссис ахсджиаг цау Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы. Бирæ азты дæргъы уæззау тох гуырдзиаг агрессийы ныхмæ, ирон адæмы геноцид æмæ террор, Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар Цхинвал æмæ республикæйы районты æрхъула æркодтой хæдбардзинад æмæ сæрибармæ, кæцыйы сæрвæлтау сæ цардтæ раттой Хуссар Ирыстоны мингай æмбæстæгтæ, ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æмæ хæдæфсæддонтæ, барадхъахъхъæнæн æмæ гæрзифтонг тыхты кусджытæ. Мингай адæймæгты удтæ, рыст, сæдæгай пырх социалон объекттæ- уыдæттæ иууылдæр раттой ирон адæм сæрибары сæраппонд.

Нæ хъайтар адæмы зæрдæты 1920 азы, 1989-1992 азты, 2004 азы геноцид æмæ 2008 азы хæст ныууагътой байгас кæмæн нæй, ахæм хъæдгæмттæ.

2008 азы майрæмты мæйы хæстон агресси бæстонæй равдыста, абоны бон гуырдзиаг национализм кæй никуыдæм фесæфт æмæ гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ кæй дарддæр кæнынц сæ политикæ, цæмæй се ‘гъатыр хъуыдытæ сæ къухты бафтой.

Диссаг у, фæлæ Хуссар Ирыстонмæ æрбабырст Гуырдзыстоны банысан кодтой æппæтадæмон цинæй, 2008 азы майрæмты мæйы 8-æм бон, гуырдзиаг артиллерийы бын Цхинвалы куы мардысты сæдæгай удтæ, Тбилисы цæрджытæ зарджытæ æмæ кафджытимæ арæзтой алыхуызон хъазтытæ.

Гуырдзыстоны агрессийы акт, хæстон фыдракæндтæ, уæрæсейаг æмбæстæгты, фидауынгæнджыты мæлæт, 2008 азы майрæмты мæйы адæймаджы барты ныхмæ массон цыд æркодтой Уæрæсейы уымæ, цæмæй рахастæуа иунæг раст æмæ æнæмæнгхъæуæг уыцы уавæры хæстон-политикон уынаффæ. Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымад, систы дзуапп æхсæнадæмон уагæвæрдтæ халыны ныхмæ. Уæрæсейы Федераци уыд иунæг гарант регионалон æдасдзинадæн, æххæст кодта фидауынгæнæн мисси гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы æмæ æрурæдта Гуырдзыстоны æгъатыр фыдракæнд, кæцыйы фæстиуæг хъуамæ уыдаид бынтондæр фесафын зæххы цъарæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты. Ирыстоны адæм бузныг уыдзысты Уæрæсейы Федерацийæн æмæ æппæт уæрæсейæгтæн, кæцытæ æмдыхæй балæууыдысты йæ фарсмæ.

Дызæрдыккаг нæу, 2008 азы майрæмты мæйæн уæвæн кæй уыд Гуырдзыстонæн «коллективон Ныгуылæны» æрдыгæй активон хæстон æххуысы фæрцы. Ацы бæстæтæ ныр дæр активонæй æххуыс кæнынц Гуырдзыстонæн йæ реваншистон хъуыддæгты. Се ‘рдыгæй æдзухон систы нырыккон историйы фактты фальсификаци æмæ «дывæр стандартты» политикæ, кæцы, сæрмагондæй, фенæн ис Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны архайдтыты. Цæйнæфæлтау Гуырдзыстон 2008 азы майрæмты мæйы йæ хæстон фыдракæндты тыххæй закъонмæ гæсгæ æфхæрд æрцæуа, уый бæсты, документалон æгъдауæй фидаргонд фактты сæрты хизгæйæ, ацы организаци зыгъуыммæ кæны æцæг цаутæ.

Фынддæс азмæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ рæзынц, размæ цæуынц æппæт фадгуыты дæр. Уæрæсейы Федерацы уыд æмæ у Хуссар Ирыстоны фидар æмцæдисон, регионы сабырад æмæ æдасдзинады гарант, æмæ бæрнонæй æххæст кæны, æмархайды фадыджы дывæрсон документты фæлгæтты йæхимæ цы хæстæ райста, æппæт уыдон.

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæты ацы бон æнустæм баззайдзæн куыд Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы адæмы мон æмæ æфсымæрдзинад равдисыны бон, кæцы нын æрхаста уæлахиздзинад æмæ сабырад.

Цхинвал, 2023 азы майрæмты мæйы 26-æм бон

26.08.2023