Хомсы террористон акты охыл мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хомсы террористон акты охыл.

Нотæйы дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстон горæт Хомсы хæстон академийыл террористон атакæйы цау, кæцыйы фæхъуыдысты адæймаджы удтæ, се ‘хсæн бынæттон цæрджытæ дæр.

Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрста Гуырдзыстоны ‘рдыгæй терроры акцитæ æмæ уый фæдыл у ацы фыдракæнды ныхмæ.

Цытджын Министр, хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæнын æрцæугæ трагæдийы охыл».

 

06.10.2023