РХИ Президент Гаглойты Аланы æмæ УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлды фæстиуджыты фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервью Æхсæнадæмон информацион агентад «Sputnik Хуссар Ирыстон»-æн

Ахсар Джиоев

Фарст: Кæфты мæйы 3-æм бон Сочийы ацыд РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы фембæлд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ йын цавæр фæстиуджытæ уыд?

Дзуапп: Æрмæстдæр æвæрццаг. Фембæлды дзырд цыд алыхуызон фарстытыл, уыдоны нымæцы æддагполитикон уагдæтты дарддæры æмархайд.

Æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстонмæ хауæг экономикон æмæ финансон фадыджы фарстытыл, регионалон æдасдзинад æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады уавæрыл.

Нысангонд æрцыд æхсæнадæмон аренæйы, уыимæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмархайды ахсджиагдзинад, афтæмæй ма сфидар кæнын æндæр бæстæтимæ ахастытæ. Фембæлды фæлгæтты бафыстæуыд Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн 2024-2025 азтæм Консультациты пълан.

Фембæлд ноджы иу хатт фенын кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ахастыты фидардзинад.

Фарст: Хуссар Ирыстон хъавы Уæрæсейы æмæ Беларусы Цæдисон паддзахадимæ æмахастытæ сфидар кæнын?

Дзуапп: Цæдисон паддзахадимæ ахастытæ сфидар кæнын у Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг здæхтытæй иу.

Цæдисон паддзахад фæуæрæхдæр кæныны фадат ис йе скондмæ ног бæстæтæ-хайадисджытæ бахизыны фæрцы, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон фидар кæны ахастытæ фыццаджыдæр экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты. Ам ис рахицæн гæнæн ацы азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон хуссарирыстойнаг делегацийы хайадист Советон Цæдисмæ фашистон Германы мæнгард æрбабырсты фæдыл мысæн мадзæлтты, кæцытæ ацыдысты Бресты. Куыст цæуы æндæр фадгуыты дæр.

Нæ архайд координаци кæнæм нæ сæйраг æмцæдисон æмæ партнер – Уæрæсейы Федерациимæ æмæ уынæм уæрæсейаг коллегæты ‘рдыгæй дæр уыцы æххуыс æмæ æмархайд.

Куыст цæуы. Бæрæг у, æмæ æддагполитикон архайдæй алцæмæн нæй развæлгъау рæгъмæ рахæссыны бар. Хъыгагæн, уый фæдыл не ‘хсæнады æвзæры рæдыд хъуыды æмæ уавæр æцæг куыд у, афтæ нæ фæцæуы æмбæрст. Курæг стæм, цæмæй равдисæм æмбаргæдзинад.

Фарст: Куыд бæрæг кæныс нырыккон æхсæнадæмон ахастытæ регионалон æдасдзинады фадыджы?

Дзуапп: Æхсæнадæмон ахастыты фадыджы глобалон кризисы уавæры кæй цæрæм, уый бæрæг у. Сæрмагондæй, ууыл дзурæг сты фæстаг рæстæджы цаутæ - Америкæйы Иугонд Штатты сæргълæудæй Уæрæсейы ныхмæ бæстæты коалицийы сырæзт, уый фæстиуæг- Украинæйы цаутæ, махæн хæларадон Арцахы трагеди.

Мидхъуыддæгтæм бынтондæр нæ агайгæйæ, фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ 2020 азы джеоргуыбайы мæйы 9-æм бонæй Уæрæсе, Сомихстон æмæ Азербайджаны къухдариуæггæнджытæ æртæварсон фидиуæны фæлгæтты цы бадзырдадтæм æрцыдысты, уыдонмæ гæсгæ Хъарабахмæ уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ бакæнынæн æмæ рæстæгмæ фидыдæн уавæртæ арæзт æрцыд. Хъыгагæн, æппæт уыдæттæм æнæкæсгæйæ, сомихаг къухдариуæгад рахастой ахæм уынаффæтæ, кæцытæ ‘ркодтой сæвзæргæ уавæрмæ, сæрмагондæй, зæгъæн ис, æмæ ацæугæ саммитты Евроцæдисы къухдариуæгады бын нымад æрцыд Азербайджаны суверенитет Хæххон Хъарабахыл.

Ныфс дарæм, æмæ арцахæгтæм разындзæн уыййас тыхтæ, хъару, цæмæй царды æмæ фидæны фæлтæрты сæраппонд зындзинæдты, уæззау цæлхдурты сæрты ахизой. Махæн ахсджиаг у нæ адæмы ‘хсæн дæргъвæтин æнгом ахастытæ бахъахъхъæнын.

Фæстаг бонты уынæм Израиль æмæ палестинайæгты ‘хсæн быцæуаг фарстыты скъуыддзаг тыхæй пайда гæнгæйæ, уымæн ныридæгæн дæр ис æвирхъау фæстиуджытæ, æркодта тынг бирæ адæймаджы зиæнттæм æмæ тæссаг у Газæйы сектор гуманитарон катастрофæмæ æркæнынæн.

Бæрæг у, æмæ уый, нæ регионы уавæр хынцгæйæ, æвзæрын кæны стыр тыхстдзинад. Алыхатт дæр стæм цыфæнды конфликттæ сабырадон дипломатон хуызы скъуыддзаг кæныны ‘вварс.

Ацы уавæрты уæлдай нысаниуæг дæттæм Уæрæсейы Федерациимæ дывæрсон ахастытæн, кæцытæ сты Хуссар Ирыстоны æдасдзинады æмæ регионы стабилондзинады гарант.

https://sputnik-ossetia.ru/20231011/glava-mid-yuzhnoy-osetii-o-soyuznom-gosudarstve-i-regionalnoy-bezopasnosti---intervyu-26144086.html

11.10.2023