15 азы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситыл

МИД Южной Осетии

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситæ байгом сты 2008 азы кæфты мæйы 15-æм бон Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг æрбабырсты фæстæ. Уый уыд Д. Медведев - Н. Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм бонæй æмæ рухæны мæйы 8-æм бонæй бадзырдадтæм гæсгæ. Дискусситы æмбарæй исынц хайад Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Ныхас фæцæуы дыууæ кусæгон къорды фæлгæтты- æдасдзинады фарстытыл æмæ гуманитарон проблемæтыл. 

Абоны бон Женевæйы дискусситæ сты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн Гуырдзыстонимæ комкоммæ диалогæн иунæг æхсæнадæмон формат. Сæ сæйрагдæр нысан у Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æдасдзинад бахъахъхъæнын, цæмæй хæстон архайдтытæ сног кæныны фадат мауал уа. Ацы контексты дискусситы фæлгæтты ахсджиаг у Гуырдзыстонимæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг дывæрсон бадзырдты бафыст. 

2009 азы Женевæйы дискусситы фæлгæтты гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг арæныл (хъæу Эргнети) ацæугæ бадзырдадты фæстиуæг уыд Инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы сырæзт. Механизмы сæйраг нысан у хаугъатæ æмæ инциденттæ скъуыддзаг кæнын. Арæзт æрцыд æнæрлæугæ бастдзинады «тæвд хахх». Инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куыст у регионы стабилондзинад, æдасдзинад æмæ æууæнчы ахсджиаг иуæг. 

Абоны бон дискусситæ ацыдысты 58 раундæй (59-æм раунд нысангонд æрцыд ацы азы цыппурсы мæймæ).

Хуссарирыстойнаг фарсæн Женевæйы дискусситы хайадист ахсджиаг у æмæ лæуд сты диалог дарддæр кæныны, афтæмæй ма куыст хуыздæр кæныны хъуыдыйыл.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 13-æм бон

13.10.2023