Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафариимæ

Встреча Ахсара Джиоева и Башара Джаафари

Кæфты мæйы 18-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафариимæ.

Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн алыхуызон æмвæзадтыл æмархайд æмæ æмгуыстады размæдзыды фарстытыл. Æввахс Скæсæны æндыгъддзинад хынцгæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Сирийы æмæ йæ алыварс уавæрмæ.  

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 18-æм бон

 

 

18.10.2023