Арфæйы фыстæг юбилейы цытæн Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты Цыппæрæм департаменты директор Денис Гончармæ

А.М. Джиоев и Д.В. Гончар

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг юбилейы цытæн Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты Цыппæрæм департаменты директор Денис Гончармæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонд профессионализм æмæ адæймаджы миниуджытæ нысан кæнгæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын де стыр хайбавæрд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон æмæ дипломатон ахастытæ сфидар кæнынмæ. Уый нæ бæстæты æмæ адæмы ‘хсæн бастдзинæдты размæдзыдæн дæтты фидар бындур».

 

09.11.2023