Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон – Æхсардзинад æмæ Адæмон Иудзинады бон

МИД Южной Осетии

Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон рацыд 34 азы хуссарирыстойнаг адæмы сæ сæрибар, сæ зæххыл цæрыны бартыл тох кæнынæй. Нæ Фыдыбæстæйы ног историйы ацы бон у вазыгджын æмæ нысан кæны æвæджиау хæддыхдзинад æмæ адæмы иудзинад.    

Ацы бон 1989 азы мингай гуырдзиаг националисттæ гæрзифтонгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ нæбасæтгæ ирæттæн «зонд бацамоныны» фæндимæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухты нæ бафтыдысты. Ирон адæм æрбаиу сты æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой. Уый уыд национ иудзинады æвдисæн.

Ацы бон Хуссар Ирыстоны адæмæн ссис гуырдзиаг фашизмы ныхмæ æнгомдзинады символ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2010 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бонæй Барамындмæ гæсгæ расидтæуыд Æхсардзинады æмæ Адæмон Иудзинады бонæй. 

Абон мах мысæм сæ цард цы хъайтартæ раттой, уыдон рухс нæмттæ, кад кæнæм ныры патриоттæ æмæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн, кæдоны фæрцы Хуссар Ирыстон æнтысджынæй размæ цæуы суверенон паддзахады хуызы, фидарæй лæуд у йæ национ интересты ‘вварс.

Цхинвал, 2023 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон

23.11.2023