Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Æхсардзинады æмæ Адæмон Иудзинады боны фæдыл

Южная Осетия и Абхазия

Æхсардзинады æмæ Адæмон Иудзинады боны фæдыл Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1989 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон у æхсардзинад, æнæбасæтгæ ныфсы фидар дæнцæг, кæцы ссис адæмы иудзинады символ. Ацы бон æрæвæрдта бындур Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбарады сæраппонд хъæбатыр тохæн .

Абон Хуссар Ирыстон размæ цæуы, хъахъхъæны йæ истори, хъæздыг культурæ æмæ æгъдæуттæ».  

 

23.11.2023