Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсыты тыххæй

Дипломатическая академия МИД России

Цыппурсы мæйы 4-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХъМ) Дипломатон академийы рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ.

«ФХъМ-йы пресс-службæйы организаци», зæгъгæ, ахæм курсытæ фæсарæйнаг дипломаттæн уагъд æрцыдысты фыццаг хатт æмæ сæ бацæттæ кодтой Уæрæсейы ФХъМ-йы Информаци æмæ мыхуыры департаментимæ иумæ.

Лекцитæ кастысты æрбахонгæ эксперттæ æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ, афтæмæй ма Дипломатон академийы профессортæ æмæ лектортæ.

Курсыты фæуды Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн лæвæрд æрцыдысты сертификаттæ.

Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 11-æм бон

 

11.12.2023