Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцевы фембæлды фæдыл

Встреча А.М. Джиоева и Д.Ф. Мезенцева

Цыппурсы мæйы 15-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Дмитрий Мезенцевы фембæлд.

Æддагполитикон уагдоны сæрдар фехъусын кодта Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегацийы æввахс рæстæджы æрцыд Беларусь æмæ Уæрæсейы Парламентон æмбырдмæ, кæцыйæн ис цæстдарæджы статус.

Дмитрий Мезенцев радзырдта Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахады Æнæивгæ комитеты архайды фæдыл, афтæмæй ма 2024 азмæ снысангонд мадзæлттыл, уæлдай хъусдард аздæхта дыууæ юбилеймæ – Беларусь немыцаг-фашистон оккупанттæй ссæрибар кæныны бонæй 80 азы рацыд æмæ Цæдисон бадзырды бафыстыл 25 азы сæххæст.

Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 15-æм бон    

 

15.12.2023