Мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Донецкы террористон акты охыл

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Донецкы террористон акты охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста Мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.

Нотæйы дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæйæ райстон Донецкы æрцæугæ террористон акты цау, кæцыйы фæстиуæгæн фæхъуыдысты бирæ адæм.

Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрста Гуырдзыстоны ‘рдыгæй терроры акцитæ, æмæ уый фæдыл у ацы фыдракæнды ныхмæ. Ныфс дарæм, ацы æгъатырдзинады чидæриддæр хайад иста, уыдон кæй баййафдзысты æмбæлгæ ‘фхæрд».

22.01.2024