Хуссар Ирыстоны Минæварад ссардта блокадон Ленинграды хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ

Посольство Южной Осетии почтило память защитников блокадного Ленинграда

Тъæнджы мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр, 25 дипломатон миссийы сæрдары æмæ 44 паддзахады минæвæртты колоннæйы сæргъ лæугæйæ, хайад райста Ленинград блокадæйæ ссæрибар кæныны бонæй 80 азы рацыды охыл цытджын-фыдохы церемонийы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй æрцыдысты æвæрд дидинтæ Пискарёвы мемориалон уæлмæрды Мад-Фыдыбæстæйы монумент æмæ мысæн дзæнхъа къæймæ, кæцы бакондæуыд блокадон Ленинград Ирыстонæй чи хъахъхъæдта, уыдон номыл.

Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой Санкт-Петербурджы Губернатор Александр Беглов, Федерацийы Советы Спикер Валентина Матвиенко æмæ Уæрæсейы хицауады уæнгтæ.

Афтæмæй ма церемонийы хайад райстой Михайловскы хæстон артиллерион академийы, А.В. Хрулёвы номыл Материалон-техникон ифтонгады хæстон академийы хуссарирыстойнаг курсанттæ, Санкт-Петербурджы Ирон землячествойы минæвæрттæ.

https://www.osembassy.org/2024/01/27/posolstvo-juzhnoj-osetii-pochtilo-pamjat-zashhitnikov-blokadnogo-leningrada/

27.01.2024