Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты минæвæрттимæ

Встреча Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева с представителями МККК

Æртхъирæны мæйы 21-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр райста йæхимæ Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварады Сæрдар Хуссар Ирыстоны Драгослав Блажевичы æмæ СДÆК-ы Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны фарстыты фæдыл Минæвар Аньес Котуйы.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей, адæймаджы барты фæдыл РХИ-йы Президенты цур Æххæстбарджын Тасойты Алан, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей, РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз.

Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитетæй – æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл кусæг Тедеты Марина.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны СДÆК-ы Минæварады куысты фæдыл, афтæмæй ма æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны фарстытыл. 

Цхинвал, 2024 азы æртхъирæны мæйы 21-æм бон

21.02.2024