Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлды фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ æмсæрдæрттимæ

Встреча участников югоосетинской делегации на Женевских международных дискуссиях с Сопредседателями Женевских дискуссий от ЕС, ОБСЕ и ООН

Тæргæйтты мæйы 15-æм бон ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ. 

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хуымгæнæны мæйы 4-5 бонтæм снысангонд Женевæйы дискусситы 60-æм раунды фæтк æмæ куыстыл. 

Нысангонд æрцыд, уæвæг регионалон æдасдзинады уавæры Женевæйы дискусситæ кæй сты регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны ахсджиаг иуæг.

Хуссарирыстойнаг фарс радон хатт аздæхта Æмсæрдæртты хъусдард Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй юридикон æгъдауæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документы ахсджиагдзинадмæ, кæцыйæ комкоммæ аразгæ у Республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæныны фарст, æмæ уый та у Женевæйы дискусситы сæйраг темæ. 

Паддзахадон арæны сæрты æнæзакъонæй рахызтыты цаутæ хынцгæйæ, хуссарирыстойнаг минæвæрттæ зæрдыл æрлæууын кодтой Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст ауадзыны ахсджиагдзинад. 

Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд гуманитарон тематикæмæ, фыццаджыдæр, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны фарстатæм. 

Алкæцы фарс дæр хæст уыд Женевæйы дискусситы фæлгæтты куыст дарддæр кæныны хъуыдыйыл. 

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 15-æм бон

15.03.2024