Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты фæдыл

МИД Южной Осетии

Тæргæйтты мæйы 15-17 бонты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад райстой Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, науæд хъæлæс кæныны бон йæ территорийыл чи уыд, уыдон дæр.

Хуссар Ирыстоны баконд ис дыууадæс æвзарæн фадыджы, сæ иу – уæрæсейаг æфсæддонтæн. Хъæлæс кæныны процесс сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны. Республикæйы хицауад æппæт уавæртæ дæр сарæзта, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.

Развæлгъау хатдзæгтæм гæсгæ æвзарджыты 97% раттой сæ хъæлæстæ Владимир Путинæн. Николай Харитоновæн схъæлæс кодта æвзарджыты 1%, Владислав Даванковæн – 1%, æмæ Леонид Слуцкийæн – 0,7%.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон

18.03.2024